Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -

Псаломтӕ 150 - Осетинская Библия. Отдельные книги Ветхого Завета

1 Алелуйа! Стаут Дунедарӕджы Йӕ Кувӕндоны, стаут Ӕй уӕлӕрвты.

2 Стаут Ӕй Йӕ хъомысджын хъуыддӕгты тыххӕй, стаут Ӕй Йе стырады тыххӕй.

3 Стаут Ӕй сыкъауадындзы зӕлтӕй, стаут Ӕй дыууадӕстӕнонтыл ӕмӕ хъисфӕндыртыл.

4 Стаут Ӕй далаимӕ кафтӕй, стаут Ӕй хъисфӕндыртӕ ӕмӕ уадындзты цагъдӕй.

5 Стаут Ӕй ӕмдзӕгъдгӕнӕнты зӕлтӕй, стаут Ӕй ӕмдзӕгъдгӕнӕнты зӕллангӕй.

6 Алы цӕрӕг уд дӕр Дунедарӕджы стауӕд! Алелуйа!

© Bible Society in Russia, 2002, 2009, 2011-2015, 2018.

Bible Society in Russia
Lean sinn:



Sanasan