Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -

Псаломтӕ 15 - Осетинская Библия. Отдельные книги Ветхого Завета

1 Давиды зарӕг. Хъахъхъӕн мӕ, Дунедарӕг, уымӕн ӕмӕ Дӕуыл дарын мӕ зӕрдӕ!

2 Ӕз загътон Дунедарӕгӕн: «Ӕрмӕстдӕр Ды — мӕ Бардарӕг, мӕ иунӕг фарн Ды дӕ!»

3 Зӕххыл Дын чи ис, Дӕ уыцы диссаджы сыгъдӕджытӕм, ӕз тырнын зӕрдиагӕй.

4 Ӕндӕр хуыцӕутты фӕдыл чи цӕуы, уыдон мастӕй цух ма уӕнт. Ӕз семӕ туджы нывӕндтӕ нӕ хӕсдзынӕн, ме ’взагыл сӕ хуыцӕутты нӕмттӕ нӕ уыдзысты.

5 Дунедарӕг! Ды — мӕ исбон, мӕ хъысмӕт. Дӕ къухы ис мӕ фидӕн.

6 Мӕнмӕ ӕрхауди диссаджы арӕнтӕ, ӕхцон мын у мӕ исбон!

7 Арфӕ ракӕндзынӕн Дунедарӕгӕн, раст зондыл мӕ чи ӕфтауы, Уымӕн. Йӕ зондамынд мӕ хъахъхъӕны ӕхсӕв дӕр!

8 Дунедарӕг мӕ цӕстыты раз ис ӕдзухдӕр, Уый мӕ рахизфарс ис — ӕз нӕ фӕцуддзынӕн.

9 Райы мӕ зӕрдӕ, мӕ былалгъыл — цин, суанг мӕ буар дӕр зӕрдӕдаргӕйӕ ӕрӕнцайдзӕн.

10 Уымӕн ӕмӕ Ды мӕн нӕ ныууадздзынӕ мӕрдтыбӕсты, Дӕ сыгъдӕджы нӕ бауадздзынӕ ӕмбийын.

11 Ды мын бацамыдтай царды фӕндӕгтӕ: цинӕфсӕст уыдзынӕн Дӕ цӕсгомы раз, Дӕ рахиз къухы бын — ӕнусон амонд.

© Bible Society in Russia, 2002, 2009, 2011-2015, 2018.

Bible Society in Russia
Lean sinn:



Sanasan