Псаломтӕ 149 - Осетинская Библия. Отдельные книги Ветхого Завета1 Алелуйа! Дунедарӕгӕн ног зарӕг зарут, кады зарӕг сыгъдӕджыты ӕмбырды. 2 Цин кӕнӕд Израил йе Скӕнӕджы раз, райӕнт Сионы фырттӕ сӕ Паддзахы раз. 3 Кафтӕй Йын стаут Йӕ ном, зарут Ыл далатӕ ӕмӕ хъисфӕндырты цагъдимӕ. 4 Уымӕн ӕмӕ Дунедарӕг ауды Йӕ адӕмыл, скадджын кӕны сӕрныллӕгты, фервӕзын сӕ кӕны. 5 Райӕнт иузӕрдионтӕ кадимӕ, цин кӕнӕнт сӕ сынтӕджыты дӕр. 6 Хуыцауы стауӕн ныхас — сӕ былалгъыл, сӕ къухы — дыкомыг кард, 7 цӕмӕй адӕмты ӕмӕ алы знӕмты бафхӕрой; 8 сӕ паддзӕхты сын сбӕттой рӕхыстӕй, сӕ уӕздӕттыл сын хъадамантӕ бакӕной, 9 цы тӕрхон сын ныффыстӕуыди, уый сыл ӕрцӕуын кӕной. Уыцы кад ӕрхаудзӕн ӕрмӕстдӕр Йӕ иузӕрдионтӕм. Алелуйа! |
© Bible Society in Russia, 2002, 2009, 2011-2015, 2018.
Bible Society in Russia