Псаломтӕ 148 - Осетинская Библия. Отдельные книги Ветхого Завета1 Алелуйа! Стаут Дунедарӕджы уӕлӕрвтӕй, стаут Дунедарӕджы бӕрзӕндты. 2 Стаут Ӕй, Йе ’ппӕт зӕдтӕ, стаут Ӕй, Йе ’ппӕт ӕфсӕдтӕ. 3 Стаут Ӕй, хур ӕмӕ мӕй, стаут Ӕй, цӕхӕркалгӕ стъалытӕ. 4 Стаут Ӕй, уӕлӕрвты сӕрмӕ уӕлдунетӕ, арвы сӕрмӕ цы дӕттӕ ис, уыдон. 5 Стауӕнт се ’ппӕт дӕр Дунедарӕджы ном, уымӕн ӕмӕ Уый бардзырд радта, ӕмӕ фӕзындысты. 6 Сӕвӕрдта сӕ мыггагмӕ, радта сын ӕгъдау, ӕмӕ йӕ сӕрты нӕ ахиздзысты. 7 Дунедарӕджы стаут, зӕххон цӕрджытӕ, стыр кӕсӕгтӕ ӕмӕ фурды ӕрфытӕ, 8 арт ӕмӕ их, мит ӕмӕ мигъ, Йӕ ныхас ӕххӕстгӕнӕг уаддымгӕ, 9 хӕхтӕ ӕмӕ ӕппӕт къуылдымтӕ, дыргъбӕлӕстӕ ӕмӕ ӕппӕт кедртӕ, 10 сырдтӕ ӕмӕ ӕппӕт фос, хилӕгойтӕ ӕмӕ базырджын мӕргътӕ, 11 дунейы ӕппӕт паддзӕхтӕ, ӕппӕт адӕмтӕ, ӕппӕт барджынтӕ ӕмӕ дунейы ӕппӕт тӕрхонгӕнджытӕ, 12 ӕрыгон лӕппутӕ ӕмӕ чындздзон чызджытӕ, зӕрӕдтӕ ӕмӕ кӕстӕртӕ. 13 Иууылдӕр стауӕнт Дунедарӕджы ном — Дунедарӕджы номӕй ницы ис уӕлдӕр, зӕхх ӕмӕ арвӕй бӕрзонддӕр у Йӕ кад. 14 Уый Йӕ адӕмӕн радта уӕлахиз, скадджын кодта Йе ’ппӕт сыгъдӕджыты — Израилы байзӕддаджы, ӕввахс Ӕм чи у, уыцы адӕмы. Алелуйа! |
© Bible Society in Russia, 2002, 2009, 2011-2015, 2018.
Bible Society in Russia