Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -

Псаломтӕ 143 - Осетинская Библия. Отдельные книги Ветхого Завета

1 Давиды псалом. Арфӕгонд у Дунедарӕг, мӕ къӕдзӕх — мӕ къухтӕ мын цӕттӕ кӕны хӕстмӕ, ме ’нгуылдзтӕ — хӕцӕнгарзыл хӕцынмӕ.

2 Уый у мӕ уарзӕгой Хуыцау, мӕ фидар, ме ’мбӕхсӕн, мӕ ирвӕзынгӕнӕг, мӕ уарт, ӕз мӕ зӕрдӕ Ууыл дарын; мӕ адӕмы мын бакодта мӕ дӕлбар.

3 О Дунедарӕг, цы у адӕймаг, ӕмӕ йыл Ды аудай? Ц у лӕджы фырт, ӕмӕ йыл Ды бамӕт кӕнай?

4 Адӕймаг у дымгӕйы ӕрбадымдау, йӕ царды бонтӕ аууонау ӕрбайсӕфынц.

5 О Дунедарӕг, ӕркъул кӕн уӕлӕрвтӕ ӕмӕ ӕрхиз дӕлӕмӕ; бандзӕв хӕхтыл, ӕмӕ сӕ фӕздӕг скӕла.

6 Мӕ фыдгултыл мын ныффалгӕрон кӕн арвӕрттывдтӕй, лидзӕг сӕ фӕкӕн Дӕ фаттӕй.

7 Бӕрзондӕй ӕрдар Дӕ къух ӕмӕ мӕ фервӕзын кӕн хуыдымӕй, байс мӕ ӕцӕгӕлӕтты къухтӕй!

8 Уыдонӕн сӕ дзыхӕй рацӕуы мӕнг ныхас, сӕ рахиз къух мӕнгарддзинадӕй — йедзаг.

9 О Хуыцау, ног зарӕг азардзынӕн Дӕ кадӕн, ӕрцӕгъддзынӕн Дын дӕстӕнонӕй!

10 Ды фервӕзын кӕныс паддзӕхты, Дӕ цагъар Давиды бахизыс мӕлӕтхӕссӕг кардӕй.

11 Фервӕзын мӕ кӕн, ӕцӕгӕлӕтты къухтӕй мӕ байс! Уыдонӕн сӕ дзыхӕй рацӕуы мӕнг ныхас, сӕ рахиз къух мӕнгарддзинадӕй — йедзаг.

12 Нӕ фырттӕ уадз ӕмӕ фестой, ӕвзонгӕй бӕрзонд чи фӕцыд, уыцы бӕлӕстау, нӕ чызджытӕ та — галуаны нывӕфтыд цӕджындзтау.

13 Нӕ хордӕттӕ семыдзаг бауӕнт алыхуызон хоры бӕркадӕй, нӕ фыстӕ мингай уӕрыччытӕ уадзӕнт, дӕсгай минтӕй хизӕнт нӕ сӕрвӕтты.

14 Хӕрзхаст уӕнт нӕ галтӕ, давӕг сӕм ӕввахс куыннӕ цӕуа, сӕвгӕ дӕр дзы куыннӕ кӕна; ма хъуысӕд хъарӕг нӕ уынгты.

15 Тӕхудиаг сты уыцы адӕм, ахӕм арфӕ кӕуыл ӕрцыд! Тӕхудиаг сты уыцы адӕм, Дунедарӕг сӕ Хуыцау кӕмӕн у!

© Bible Society in Russia, 2002, 2009, 2011-2015, 2018.

Bible Society in Russia
Lean sinn:



Sanasan