Псаломтӕ 142 - Осетинская Библия. Отдельные книги Ветхого Завета1 Давиды псалом. О Дунедарӕг, фехъус мын мӕ куывд, ӕрдар Дӕ хъус мӕ лӕгъстӕмӕ, ӕнӕ дзуаппӕй мӕ ма ныууадз: Ды иузӕрдыг ӕмӕ рӕстаг дӕ! 2 Дӕ цагъаримӕ ма ӕрлӕуу тӕрхоны — кӕй бон у сраст кӕнын йӕхи Дӕ разы? 3 Мӕ фӕдыл сагъуыди знаг ӕмӕ мӕ ссӕнды, раджы чи амарди, уый хуызӕн мӕ талынгмӕ ӕппары. 4 Мӕ уд мӕ мидӕг бастади, мӕ зӕрдӕ бандзыг ис. 5 Ӕрымысыдтӕн незамантӕ ӕз, мӕ хъуыдыйы Дӕ алы хъуыддаг дарын, дис кӕнын Дӕ къухты скондыл. 6 Мӕ цӕнгтӕ ивазын Дӕумӕ, донхъуаг зӕххау Дӕм тырны мӕ уд. 7 О Дунедарӕг, ратт мын тагъддӕр дзуапп: баруади мӕ уд мӕ мидӕг! Дӕ цӕсгом ма ӕмбӕхс мӕнӕй, цӕмӕй ӕз ма уон ингӕнмӕ цӕуӕгау. 8 Сӕумӕйӕ мын Дӕ хорзӕх равдис — Дӕуыл дарын мӕ зӕрдӕ. Ды сараз раст фӕндагыл мӕн — Дӕумӕ тырны мӕ уд. 9 О Дунедарӕг, фервӕзын мӕ кӕн знӕгтӕй, ӕххуысагур Дӕумӕ сидын. 10 Дӕ фӕндон ӕххӕст кӕнын мӕ сахуыр кӕн — Ды мӕ Хуыцау дӕ. Дӕ фарн хӕссӕг Уд мӕ раст фӕндагыл кӕнӕд! 11 Дӕ номы сӕраппонд мӕ райгас кӕн, о Дунедарӕг, рӕстаг дӕ Ды, фыдбылызӕй мӕ фервӕзын кӕн. 12 Дӕ хорзӕхмӕ гӕсгӕ ме знӕгтӕн скӕн кӕрон, бабын мын кӕн мӕ фыдгулты, уымӕн ӕмӕ ӕз Дӕ цагъар дӕн. |
© Bible Society in Russia, 2002, 2009, 2011-2015, 2018.
Bible Society in Russia