Псаломтӕ 14 - Осетинская Библия. Отдельные книги Ветхого Завета1 О Дунедарӕг! Кӕмӕн у йӕ бон Дӕ Цатыры, Дӕ уаз хохыл цӕрын? 2 Сыгъдӕгзӕрдӕйӕ чи цӕры, йӕ хъуыддӕгтӕ раст кӕмӕн сты, рӕстдзинад кӕй зӕрдӕйӕ рацӕуы; 3 хахуыртӕ чи нӕ мысы, йӕ хӕларӕн фыдбылыз чи нӕ аразы, йӕ хионы чи нӕ фауы; 4 хъодыгонд ӕлгъаг кӕмӕн у, фӕлӕ Дунедарӕгӕй чи тӕрсы, уыдонӕн кад чи кӕны; кӕд йӕхицӕн исты зиан ӕрхӕсдзӕн, уӕддӕр йӕ сомы чи нӕ сайы; 5 йе ’взист пайдайыл ӕфстау чи нӕ дӕтты, ӕнаххосы ныхмӕ гӕртамы фӕрцы чи нӕ рацӕуы. Афтӕ чи кӕны, уый никуы фӕцуддзӕн. |
© Bible Society in Russia, 2002, 2009, 2011-2015, 2018.
Bible Society in Russia