Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -

Псаломтӕ 137 - Осетинская Библия. Отдельные книги Ветхого Завета

1 Давиды псалом. Стауын Дӕ ӕппӕт зӕрдӕйӕ, зарын Дӕ кадӕн зӕдты раз.

2 Ӕрзоныг кӕнын Дӕ уаз Кувӕндоны раз ӕмӕ стауын Дӕ ном Дӕ хорзӕх ӕмӕ Дӕ иузӕрдионы тыххӕй. Уымӕн ӕмӕ Ды ӕппӕтӕй уӕлдӕр систай Дӕ ном ӕмӕ Дӕ ныхас.

3 Цы бон Дӕм скуывтон, уыцы бон мын дзуапп радтай, ныфс бауагътай мӕ зӕрдӕйы.

4 О Дунедарӕг, скадджын Дӕ кӕндзысты ӕппӕт зӕххон паддзӕхтӕ, Дӕ комӕй рацӕугӕ дзырдтӕ куы фехъусой, уӕд.

5 Стаудзысты уыдон Дунедарӕджы фӕндӕгтӕ, уымӕн ӕмӕ стыр у Дунедарӕджы кад.

6 Бӕрзонд у Дунедарӕг, сӕрныллӕджы дӕр уыны, сӕрыстыры дӕр базоны дардмӕ.

7 Фыдбылызты фӕндагыл куы ацӕуон, уӕд мӕ Ды бахиздзынӕ мӕлӕтӕй, мӕ фыдызнӕгты мын ӕрсабыр кӕндзынӕ, Дӕ арм мыл дардзынӕ.

8 Дунедарӕг мын мӕ маст райсдзӕни! Дунедарӕг! Дӕ хорзӕх мыггагмӕ у! Ма мӕ ныууадз, Дӕ къухтӕ мӕ куы сфӕлдыстой!

© Bible Society in Russia, 2002, 2009, 2011-2015, 2018.

Bible Society in Russia
Lean sinn:



Sanasan