Псаломтӕ 132 - Осетинская Библия. Отдельные книги Ветхого Завета1 Уӕлвонг Кувӕндонмӕ цӕуджыты зарӕг. Сарӕзта йӕ Давид. Куыд ӕхсызгон ӕмӕ куыд хорз у — ӕфсымӕртӕ иумӕ фидыдӕй куы фӕцӕрынц! 2 Уый у ӕвзаргӕ оливӕйы сойау, Ааронӕн йӕ сӕрӕй йӕ боцъомӕ, боцъойӕ та йӕ дарӕсы кӕрӕттӕм чи тӕдзы. 3 Уый у Ермоны хохы ӕртӕхау, Сионы хӕхтӕм чи ӕрцӕуы, уымӕн ӕмӕ Дунедарӕг уыцы бынатӕн балӕвар кодта арфӕ ӕмӕ мыггагмӕйы цард. |
© Bible Society in Russia, 2002, 2009, 2011-2015, 2018.
Bible Society in Russia