Псаломтӕ 130 - Осетинская Библия. Отдельные книги Ветхого Завета1 Уӕлвонг Кувӕндонмӕ цӕуджыты зарӕг. Сарӕзта йӕ Давид. О Дунедарӕг! Ӕз сӕрбӕрзонд нӕ уыдтӕн, ӕнӕввӕрсонӕй никӕмӕ кастӕн, мӕ зонд кӕмӕ не ’ххӕссы, уыцы стыр хъуыддӕгтӕ мӕхимӕ никуы райстон. 2 Мады риуӕй иртӕст сабийау мӕ удӕн ныфсытӕ ӕвӕрдтон, сабыр ӕй кодтон, цыма мӕ уд мады риуӕй иртӕст саби уыди, уыйау. 3 Дунедарӕгыл йӕ зӕрдӕ дарӕд Израил нырӕй фӕстӕмӕ ӕмӕ мыггагмӕ! |
© Bible Society in Russia, 2002, 2009, 2011-2015, 2018.
Bible Society in Russia