Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -

Псаломтӕ 129 - Осетинская Библия. Отдельные книги Ветхого Завета

1 Уӕлвонг Кувӕндонмӕ цӕуджыты зарӕг. Дунедарӕг! Дзыназын Дӕм уынгӕг ранӕй!

2 Дунедарӕг! Фехъус мын мӕ хъӕлӕс, ӕрыхъус мын мӕ куывдмӕ.

3 Дунедарӕг! Ды нын нӕ тӕригъӕдтӕм куы кӕсай, уӕд чи бафӕраздзӕн!

4 Фӕлӕ Ды хатыргӕнаг дӕ — уадз ӕмӕ Дын аргъуц кӕной.

5 Дунедарӕгыл дарын мӕ зӕрдӕ, ӕнхъӕлмӕ кӕсы мӕ уд, Йӕ ныхасыл мӕ зӕрдӕ дарын.

6 Хъахъхъӕнӕг сӕуӕхсидмӕ афтӕ не ’нхъӕлмӕ кӕсы, ӕз Дунедарӕгмӕ куыд кӕсын ӕнхъӕлмӕ.

7 Израил йӕ зӕрдӕ дарӕд Дунедарӕгыл, уымӕн ӕмӕ Дунедарӕг хатыргӕнаг у, Йӕ бон у фервӕзын кӕнын.

8 Уый фервӕзын кӕндзӕн Израилы йе ’ппӕт тӕригъӕдтӕй.

© Bible Society in Russia, 2002, 2009, 2011-2015, 2018.

Bible Society in Russia
Lean sinn:



Sanasan