Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -

Псаломтӕ 127 - Осетинская Библия. Отдельные книги Ветхого Завета

1 Уӕлвонг Кувӕндонмӕ цӕуджыты зарӕг. Тӕхудиаг сты, Дунедарӕгӕй чи тӕрсы, Йӕ фӕндӕгтыл Ын чи цӕуы, уыдон!

2 Дӕ къухвӕллойӕ цы бакусай, уымӕй цӕрдзынӕ. Тӕхудиаг дӕ ӕмӕ фӕрнӕйдзаг уыдзынӕ!

3 Дӕ бинойнаг дӕ хӕдзары мидӕг зад сӕнӕфсир бӕласау — зӕнӕгджын, дӕ фынджы алыварс дӕ фырттӕ — оливӕ бӕласы ӕвзартау.

4 Дунедарӕгӕй чи тӕрсы, ууыл ахӕм арфӕ ӕрцӕудзӕн!

5 Сионы хохы сӕрӕй дыл Дунедарӕг Йӕ арфӕ ӕруадздзӕн! Цӕрӕнбонты цин кӕндзынӕ Йерусалимы амондыл!

6 Дӕ цоты цоты дӕр ма ӕрӕййафдзынӕ! Израилы адӕм фӕрнджын уӕнт!

© Bible Society in Russia, 2002, 2009, 2011-2015, 2018.

Bible Society in Russia
Lean sinn:



Sanasan