Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -

Псаломтӕ 126 - Осетинская Библия. Отдельные книги Ветхого Завета

1 Уӕлвонг Кувӕндонмӕ цӕуджыты зарӕг. Сарӕзта йӕ Соломон. Дунедарӕг Йӕхӕдӕг хӕдзар аразынмӕ куы нӕ бавнала, уӕд аразджыты фыдӕбон хӕрз зӕгъӕлы у. Дунедарӕг Йӕхӕдӕг сахар куы нӕ хъахъхъӕна, уӕд дзӕгъӕлы лӕууынц цырддзастӕй йӕ хъахъхъӕнджытӕ.

2 Сӕударӕй дзӕгъӕлы сыстут, ӕнафонмӕ дзӕгъӕлы фӕбадут — фыдӕбонгӕнгӕ бакусут къӕбӕрваг. Дунедарӕг кӕй уарзы, уыдон та фынӕй кӕнынц ӕнӕмӕтӕй.

3 Дунедарӕджы лӕвар — цот, хӕрзиуӕгау сӕ ратты.

4 Бӕгъатыр къухы фаттӕ куыд сты, афтӕ сты фырттӕ дӕр се ’рыгонӕй.

5 Тӕхудиаг у уыцы адӕймаг, уыдонӕй чи байдзаг кодта йӕ фатдон! Сахары кулдуары цур нӕ фегад уыдзӕн, йе знагимӕ ныхас кӕнгӕйӕ.

© Bible Society in Russia, 2002, 2009, 2011-2015, 2018.

Bible Society in Russia
Lean sinn:



Sanasan