Псаломтӕ 123 - Осетинская Библия. Отдельные книги Ветхого Завета1 Уӕлвонг Кувӕндонмӕ цӕуджыты зарӕг. Сарӕзта йӕ Давид. Дунедарӕг немӕ куы нӕ уыдаид, — Израил йӕхӕдӕг зӕгъӕд, — 2 Дунедарӕг немӕ куы нӕ уыдаид, адӕм нӕ ныхмӕ куы сыстадысты — 3 удӕгасӕй нӕ аныхъуырдтаиккой сӕ судзгӕ масты пиллонӕй. 4 Фӕдӕлдон уыдаиккам, дӕттӕ цыдаиккой нӕ сӕрты, 5 доны знӕт уылӕнты бын фӕуыдаиккам. 6 Арфӕгонд у Дунедарӕг, сӕ дӕндӕгты амӕттаг нӕ Чи нӕ бакодта! 7 Маргъ ахсӕн хызӕй куыд аирвӕзы, уыйау мах дӕр аирвӕзтыстӕм. Ахсӕн хыз аскъуыд, ӕмӕ ссӕрибар стӕм. 8 Ауды ныл Дунедарӕг — арв ӕмӕ зӕхх Сфӕлдисӕг. |
© Bible Society in Russia, 2002, 2009, 2011-2015, 2018.
Bible Society in Russia