Псаломтӕ 122 - Осетинская Библия. Отдельные книги Ветхого Завета1 Уӕлвонг Кувӕндонмӕ цӕуджыты зарӕг. Ме скаст Дӕумӕ у, уӕлӕрвты Цӕрӕг! 2 Цагъартӕ се ’лдары къухмӕ куыд кӕсынц, унӕут — йе ’хсины къухмӕ, афтӕ махӕн дӕр нӕ каст Дунедарӕгмӕ, нӕ Хуыцаумӕ у, Йӕ хорзӕхмӕ Йын ӕнхъӕлмӕ кӕсӕм. 3 Батӕригъӕд нын кӕн, Дунедарӕг, батӕригъӕд нын кӕн! Фаг нын фӕуӕд не ’фхӕрд, 4 нӕ уд йӕ хъуырмӕ у хъалты хынджылӕг, ӕнӕввӕрсонты фидистӕй. |
© Bible Society in Russia, 2002, 2009, 2011-2015, 2018.
Bible Society in Russia