Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -

Псаломтӕ 12 - Осетинская Библия. Отдельные книги Ветхого Завета

1 Зарӕггӕнджыты къорды разамонӕгӕн. Давиды псалом.

2 Дунедарӕг, кӕдмӕ уыдзынӕн рох Дӕуӕй, кӕдмӕ мӕ ’мбӕхсдзынӕ Дӕ цӕсгом?

3 Ӕнӕхъуаджы фӕндтӕ кӕдмӕ кӕндзынӕн, бон-сауизӕрмӕ кӕдмӕ рисдзӕн мӕ зӕрдӕ? Ме знаг мӕм уӕлейӕ дӕлӕмӕ кӕдмӕ кӕсдзӕни?

4 Ӕркӕс мӕм, дзуапп мын ратт, о Дунедарӕг, мӕ Хуыцау! Рухс фенын кӕн мӕ цӕстытӕн, цӕмӕй мӕрдон фынӕй ма бауон,

5 цӕмӕй ме знаг ма зӕгъа: «Фӕуӕлахиз ыл дӕн». Цӕмӕй фыдгултӕ ма ныццин кӕной, мӕнӕйуый нал ис, зӕгъгӕ.

6 Дӕ хорзӕхыл мӕ зӕрдӕ дарын, куы мӕ фервӕзын кӕнай, уӕд цин кӕндзынӕн. Зардзынӕн Дунедарӕгыл, — стыр хорзӕх мын Чи ракодта, ууыл.

© Bible Society in Russia, 2002, 2009, 2011-2015, 2018.

Bible Society in Russia
Lean sinn:



Sanasan