Псаломтӕ 119 - Осетинская Библия. Отдельные книги Ветхого Завета1 Уӕлвонг Кувӕндонмӕ цӕуджыты зарӕг. Мӕ тыхсты сахат Дунедарӕгмӕ сдзынӕзтон, ӕмӕ мын Уый дзуапп радта. 2 Ӕз загътон: «О Дунедарӕг, фӕлитой дзых, мӕнгард ӕвзагӕй мӕ бахиз». 3 Мӕнгард ӕвзаг, хорзӕй дӕм цы кӕсы? 4 Хӕстоны цыргъ фӕттӕ, ӕрцыты судзгӕ цӕхӕртӕ. 5 Додойаг у мӕ сӕр: Мешехы зӕххыл, Кедары цатыры астӕу, мӕ царды бонтӕ ӕрвитын! 6 Ӕз рагӕй цӕрын, сабыр цард ӕнӕуынон кӕмӕн у, уыдоны ’хсӕн. 7 Куыддӕр сын райдайын сабырдзинадыл дзурын — хӕстӕввонг свӕййынц уыдон. |
© Bible Society in Russia, 2002, 2009, 2011-2015, 2018.
Bible Society in Russia