Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -

Псаломтӕ 118 - Осетинская Библия. Отдельные книги Ветхого Завета

1 Тӕхудиаг сты уыдон, сӕ фӕндаг ӕнӕкъӕм кӕмӕн у, Дунедарӕджы Ӕгъдаумӕ гӕсгӕ чи цӕры.

2 Тӕхудиаг сты, Йӕ фӕдзӕхстытӕ Йын чи ӕххӕст кӕны, зӕрдиагӕй Йӕ чи агуры,

3 фыддзинад чи нӕ кӕны ӕмӕ Йӕ фӕндӕгтыл чи цӕуы.

4 Ды бафӕдзӕхстай, Дӕ амындтытӕ арф ӕвӕрд куыд уой зӕрдӕйы.

5 Тӕхуды, ӕз ахӕм фӕндӕгтыл куы цӕуин, цӕмӕй Дын ӕххӕст кӕнон Дӕ уагӕвӕрдтӕ!

6 Уӕд ӕз къӕмдзӕстыг нӕ уаин, Де ’ппӕт фӕдзӕхстытӕм кӕсгӕйӕ.

7 Сыгъдӕг зӕрдӕйӕ Дӕ стауин, Дӕ раст уынаффӕтыл ахуыр кӕнин.

8 Ӕз ӕххӕст кӕндзынӕн дӕ уагӕвӕрдтӕ; бынтон мӕ ма ныууадз.

9 Ӕрыгон лӕппу куыд бахъахъхъӕна сыгъдӕгӕй йӕ фӕндаг? Дӕ ныхасмӕ гӕсгӕ цӕрӕд.

10 Агурын дӕ ӕппӕт зӕрдӕйӕ, ма мӕ бауадз Дӕ фӕдзӕхстытӕй аздӕхын.

11 Ӕз мӕ зӕрдӕйы рӕбын бавӕрдтон Дӕ ныхас, цӕмӕй Дӕ разы тӕригъӕд ма ракӕнон.

12 Арфӕгонд дӕ Ды, Дунедарӕг! Бацамон мын Дӕ уагӕвӕрдтӕ.

13 Ӕз хъусын кӕнын Дӕуӕй рацӕугӕ ӕппӕт уынаффӕтӕ.

14 Цыфӕнды мулкӕй стырдӕр цин мӕнӕн — Дӕ уынаффӕты фӕндагыл цӕуын.

15 Мӕ хъуыдытӕ сты Дӕ фӕдзӕхстытыл, Дӕ амынд фӕндӕгтӕм кӕсын.

16 Ӕхцон мын сты уагӕвӕрдтӕ, Дӕ ныхас нӕ рох кӕнын.

17 Дунедарӕг, Дӕ хорзӕх мӕ уӕд, ӕмӕ цӕргӕбонты ӕххӕст кӕндзынӕн Дӕ ныхас.

18 Байгом мын кӕн мӕ цӕстытӕ, ӕмӕ фенон Де ’Гъдауы диссӕгтӕ.

19 Уазӕг дӕн ӕз ацы зӕххыл, ма мӕ ’мбӕхс Дӕ фӕдзӕхстытӕ.

20 Бастади мӕ уд, ӕдзух Дӕ раст тӕрхонмӕ бӕлгӕйӕ.

21 Ды ӕрцахуыр кодтай сӕрыстырты. Ды ралгъыстай, Дӕ фӕдзӕхстытыл йӕ къух чи ауыгъта, уыдоны.

22 Хынджылӕггаг ӕмӕ мын аллайаг ма фӕкӕн мӕ сӕр, уымӕн ӕмӕ ӕз Дӕ фӕдзӕхстытӕм гӕсгӕ цӕрын.

23 Уӕздӕттӕ мӕ ныхмӕ фыдвӕндтӕ кӕнынц, ӕз та, Дӕ цагъар, хъуыды кӕнын Де ’Гъдауыл.

24 Дӕ уагӕвӕрдтӕ цин хӕссынц мӕнӕн, уынаффӕгӕнӕг мын сты уыдон.

25 Бартхутӕг ис мӕ уд, райгас мӕ кӕн Дӕ ныхасӕй.

26 Мӕ фӕндӕгтӕ Дын раргом кодтон ӕз, ӕмӕ мӕ Ды фехъуыстай; сахуыр мӕ кӕн Дӕ уагӕвӕрдтыл.

27 Дӕ уынаффӕты фӕндаг мын бамбарын кӕн, ӕмӕ ӕз хъуыды кӕндзынӕн Дӕ диссӕгтыл.

28 Мӕты бацыд мӕ уд, сфидар мӕ кӕн Дӕ ныхасмӕ гӕсгӕ.

29 Мӕнгдзинады фӕндагӕй мӕ бахиз, Де ’Гъдау мын балӕвар кӕн.

30 Ӕцӕгады фӕндаг равзӕрстон мӕхицӕн, мӕ цӕстӕнгас Дӕ раст тӕрхонмӕ сарӕзтон.

31 Дӕ ныстуантыл лӕууы мӕ уд, ма мӕ фегад кӕн, Дунедарӕг.

32 Дӕ амынд фӕндагыл згъордзынӕн ӕз; мӕ зӕрдӕйӕн фӕндагамонӕг Ды дӕ.

33 Сараз мӕ, Дунедарӕг, Дӕ фӕндагыл, ӕмӕ дзы ӕз ничердӕм фӕзилдзынӕн.

34 Ӕмбарынад мын ратт, ӕмӕ ӕз ӕххӕст кӕндзынӕн Де ’Гъдау, мӕ зӕрдӕйы рӕбын ӕй дардзынӕн.

35 Дӕ фӕдзӕхстыты фӕндагыл мӕ ахон, уымӕн ӕмӕ уый бӕллиццаг у мӕнӕн.

36 Мӕ зӕрдӕ мын пайдамондагӕй бахиз ӕмӕ йӕ Дӕ фӕдзӕхстытӕм аздах.

37 Мӕнг цы у, уыдӕттӕй мын мӕ цӕстӕнгас аздах ӕмӕ мӕ цард балӕвар кӕн Дӕ фӕндагыл.

38 Дӕ цагъарӕн, цы дзырд радтай, уый сӕххӕст кӕн, цӕмӕй иннӕтӕ дӕр аргъуыц кӕной Дӕ разы.

39 Дӕ уынаффӕты фарн ис, ӕмӕ мӕ бахиз, цы худинагӕй тӕрсын, уымӕй.

40 Дӕ уынаффӕтӕм Дын бӕллын, Дӕ рӕстадмӕ гӕсгӕ мын цард балӕвар кӕн.

41 О Дунедарӕг, Дӕ хӕрзтӕй мӕ схайджын кӕн, Дӕ ныхасмӕ гӕсгӕ мӕ фервӕзын кӕн,

42 ӕмӕ ӕз дзуапп ратдзынӕн мӕ фыдгойгӕнджытӕн, уымӕн ӕмӕ Дӕ ныхасыл дарын мӕ зӕрдӕ.

43 Ма мын фӕмӕнг кӕн мӕ ныхас — Дӕ раст тӕрхонӕй ныфс ӕвӕрын мӕхицӕн

44 ӕмӕ Де ’Гъдау ӕххӕст кӕндзынӕн кӕддӕриддӕр, мыггагӕй-мыггагмӕ.

45 Сӕрибарӕй цӕудзынӕн ӕз, уымӕн ӕмӕ Дӕ уынаффӕтӕ бацагуырдтон.

46 Дзурдзынӕн паддзӕхтӕн Дӕ ныстуантӕ ӕмӕ нӕ фегад уыдзынӕн.

47 Ӕхцон мыст сты Дӕ фӕдзӕхстытӕ, уымӕн ӕмӕ мын уарзон сты.

48 Дӕ фӕдзӕхстытӕм иваздзынӕн мӕ цӕнгтӕ, уымӕн ӕмӕ сӕ бауарзтон, хъуыды кӕндзынӕн Дӕ уагӕвӕрдтыл.

49 Дӕ зӕрдыл ӕрлӕууын кӕн, мӕнӕн, Дӕ цагъарӕн, цы ныхас загътай, уый, цӕмӕй мын уыцы дзырд ныфсӕвӕрӕн суа.

50 Мӕ сау бон мӕ уыцы ныхас барӕвдаудзӕн, Дӕ ныхас мӕ раздахдзӕни цардмӕ.

51 Сӕхи мыл худӕгӕй хӕссынц хъалтӕ, фӕлӕ ӕз Де ’Гъдауыл никуы атигъ кодтон мӕхи.

52 О Дунедарӕг, мӕ зӕрдыл дарын Дӕ рагон ӕгъдӕуттӕ ӕмӕ мын ныфсы хос сты уыдон.

53 Де ’Гъдауыл йӕ къух чи ауыгъта, уыцы ӕнаккӕгтӕм кӕсгӕйӕ, мӕ сӕры хъуын арц слӕууы.

54 Кӕйдӕр зӕххыл мын фыдыбӕсты зарӕг басгуыхтысты Дӕ уагӕвӕрдтӕ.

55 Ӕхсӕвыгӕтты ӕрымысын Дӕ ном, Дунедарӕг, ӕз Де ’Гъдауыл хӕцын.

56 Уый мын сси царды фӕтк — Дӕ уагӕвӕрдтӕм гӕсгӕ цӕрын.

57 Дӕ ныхас Дын ӕххӕст кӕнын ӕмӕ дзурын: «Дунедарӕг — мӕ исбон».

58 Ӕппӕт зӕрдӕйӕ Дӕ курын, батӕригъӕд мын кӕн Дӕ ныхасмӕ гӕсгӕ.

59 Мӕ фӕндӕгтыл ныссагъӕс кодтон, мӕ къахдзӕфтӕ Дӕ амындтытӕм сарӕзтон.

60 Ӕз тагъд кодтон Дӕ фӕдзӕхстытӕ ӕвӕстиатӕй ӕххӕст кӕнынмӕ.

61 Ӕнӕхуыцӕутты ахӕсты фӕдӕн, фӕлӕ Де ’Гъдау рохуаты нӕ ныууагътон.

62 Ӕмбисӕхсӕв рабадын, цӕмӕй Дын скад кӕнон Дӕ раст тӕрхӕтты тыххӕй.

63 Дӕуӕй чи тӕрсы ӕмӕ Дын Дӕ уынаффӕтӕ чи ӕххӕст кӕны — хӕлар дӕн ӕз ӕппӕт уыдонӕн.

64 Дунедарӕг, йемыдзаг у зӕхх Дӕ уарзтӕй, бацамон мын Дӕ уагӕвӕрдтӕ.

65 Мӕнӕн, Дӕ цагъарӕн, Ды саккаг кодтай Дӕ хӕрзтӕ — Дӕ дзырдмӕ гӕсгӕ, Дунедарӕг.

66 Хорз зонд мы бацамон ӕмӕ мӕ скӕн ӕмбаргӕ, срухс мын кӕн мӕ зонд, мӕ зӕрдӕ мын байгом кӕн зондӕн, уымӕн ӕмӕ ӕз дӕ фӕдзӕхстытыл ӕууӕндын.

67 Мӕ хъизӕмӕртты агъоммӕ ӕз адзӕгъӕл дӕн рӕдыд фӕндагыл, ныр та ӕххӕст кӕнын Дӕ дзырд.

68 Хӕрзаудӕг ӕмӕ хӕрзгӕнӕг дӕ Ды, Дӕ уагӕвӕрдтӕ мын бацамон.

69 Хъалтӕ мыл тауыстӕ кӕнынц, ӕз та зӕрдиагӕй ӕххӕст кӕндзынӕн Дӕ уагӕвӕрдтӕ.

70 Уыдонӕн сӕ зӕрдӕтӕ фыр нӕрдӕй фиу сӕвӕрдтой, мӕнӕн та мӕ зӕрдӕ Де ’Гъдауыл лӕууы.

71 Хуыздӕрӕн мын уыдысты мӕ хъизӕмӕрттӕ, цӕмӕй Дӕ уагӕвӕрдтыл сахуыр уон.

72 Дӕ дзыхӕй рацӕугӕ Ӕгъдау мын ӕвзист ӕмӕ сыгъзӕрины мингай къӕрттытӕй зынаргъдӕр у.

73 Дӕ къухтӕ мӕ сфӕлдыстой ӕмӕ рантыстын кодтой; зонд мын бацамон, ӕмӕ ӕз бамбарон Дӕ фӕдзӕхстытӕ.

74 Дӕ тас кӕй ис, уыдонӕн ӕхсызгон уыдзӕн мӕ уынд, уымӕн ӕмӕ мӕ зӕрдӕ дарын Дӕ ныхӕстыл.

75 Зонын, Дунедарӕг, Дӕ тӕрхӕттӕ рӕстаг сты — афтӕ мын хъуыд, ӕмӕ мӕ уымӕн бафхӕрдтай.

76 Дӕ хорзӕх мӕ уӕд ныр, Ды мӕнӕн, дӕ цагъарӕн, зӕрдӕ куыд бавӕрдтай, афтӕ.

77 Дӕ хорзӕх мӕ уӕд, ӕмӕ цӕрдзынӕн, Де ’Гъдауыл лӕууы мӕ уд.

78 Ӕнаххосӕй мӕ чи ӕфхӕрдта — сӕгад уыдзысты уыцы ӕнӕввӕрсонтӕ, ӕз та хъуыды кӕндзынӕн Дӕ уагӕвӕрдтыл.

79 Ӕрбалӕудзысты мӕ фарсмӕ, Дӕ тас кӕй ис ӕмӕ Дӕ уынаффӕтӕ чи зоны, уыдон.

80 Дӕ уагӕвӕрдтӕм гӕсгӕ ӕнаипп уӕд мӕ зӕрдӕ, ӕмӕ уӕд нӕ фегад уыдзынӕн.

81 Утӕхсӕн кӕны мӕ уд, Дӕ ирвӕзындзинадмӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсгӕйӕ; мӕ зӕрдӕ дарын Дӕ ныхасыл.

82 Мӕ цӕстытӕ ныуурс сты Дӕ дзуапмӕ, фӕзӕгъын ӕз: «Мӕ зӕрдӕ мын кӕд фӕлӕууын кӕндзынӕ?»

83 Фӕздӕгдзыд лалымӕй уӕлдай нал дӕн, фӕлӕ нӕ ферох кодтон Дӕ уагӕвӕрдтӕ.

84 Дӕ цагъарӕн ма цас баззади йӕ царды бонтӕй? Мӕ сурджытӕн кӕд стӕрхон кӕндзынӕ?

85 Сӕрыстыртӕ мын ингӕн скъахтой, Де ’Гъдау сӕм нымады дӕр нӕу.

86 Дӕ фӕдзӕхстытӕ иууылдӕр ӕцӕг сты; ӕнаххосӕй мӕ сурынц, баххуыс мын кӕн!

87 Чысыл ма хъӕуа, фесафой мӕ зӕххы цъарӕй, фӕлӕ ӕз Дӕ уагӕвӕрдтӕ нӕ ныууагътон.

88 Дӕ хорзӕх мӕ уӕд, ӕмӕ мын цард балӕвар кӕн, цӕмӕй дӕ уагӕвӕрдтӕ ӕххӕст кӕнон мӕ царды.

89 Дӕ ныхас, о Дунедарӕг, мыггамӕ фидаргонд у уӕлӕрвты.

90 Дӕ иузӕрдиондзинад — фӕлтӕрӕй фӕлтӕрмӕ. Де сфидар кодтай зӕхх ӕмӕ лӕууы.

91 Дӕ дзырдӕй лӕууы алцы нырмӕ, алцы Дӕуӕн лӕггад кӕны.

92 Де ’Гъдауыл куынӕ лӕууид мӕ зӕрдӕ, уӕд ӕз мӕ фыдбылызты бабын уыдаин.

93 Мыггагмӕ мӕ зӕрдыл дардзынӕн Дӕ уагӕвӕрдтӕ — цард мын уыдоны фӕрцы дӕттыс.

94 Дӕу дӕн ӕз, фервӕзын мӕ кӕн — Дӕ уагӕвӕрдтӕм у ме скаст.

95 Ӕнаккӕгтӕ бабадтысты мӕ размӕ, цӕмӕй мӕ фесафой, ӕз та арфдӕр хъуыды кӕнын Дӕ уагӕвӕрдтыл.

96 Ӕххӕст цыдӕриддӕр у — алцӕмӕн дӕр ис кӕрон, ӕнӕкӕрон сты ӕрмӕст Дӕ фӕдзӕхстытӕ.

97 Куыд Дын уарзын Де ’Гъдау! Бон-сауизӕрмӕ йыл хъуыды кӕнын.

98 Ӕдзухдӕр мемӕ ис Дӕ фӕдзӕхст — уый фӕрцы мыл зондӕй нӕ фӕтых сты ме знӕгтӕ.

99 Ӕз мӕ ахуыргӕнджыты се ’ппӕты дӕр амбылдтон зондӕй, уымӕн ӕмӕ Дӕ дзырд никуы схицӕн мӕ хъуыдыйӕ.

100 Ӕз ӕмбаргӕдӕр дӕн кардзыдтӕй, уымӕн ӕмӕ ӕххӕст кӕнын Дӕ уагӕвӕрдтӕ.

101 Мӕхи хизын алы фыдвӕндагӕй, цӕмӕй коммӕгӕс уон Дӕ ныхасӕн.

102 Дӕ уынаффӕтӕй иуварс не здӕхын, уымӕн ӕмӕ Ды ахуыр кӕныс мӕн.

103 Куыд ӕхцон сты ме ’взагӕн Дӕ ныхӕстӕ, уыдон мӕ комы адджындӕр сты мыдӕй!

104 Дӕ амындтытӕ мӕ скӕнынц ӕмбаргӕ, уымӕ гӕсгӕ мын ӕнӕуынон у мӕнгдзинады алы фӕндаг дӕр.

105 Дӕ ныхас мӕ развӕдӕн — цырагъау, рухс мын кӕны мӕ фӕндаг.

106 Ӕз сомы бакодтон Дӕ рӕстаг ӕгъдӕуттӕ мӕ зӕрдӕйы хӕссынӕй, ӕмӕ мӕ сомы сӕххӕст кӕндзынӕн.

107 Уӕззау ӕфхӕрд баййӕфтон; цард мын балӕвар кӕн Дӕ ныхасмӕ гӕсгӕ, Дунедарӕг.

108 Мӕ комӕй мын мӕ бархийы нывонд айс, сахуыр мӕ кӕн Дӕ уагӕвӕрдтыл, Дунедарӕг.

109 Ӕрдуйӕ нарӕгдӕр сси мӕ уд, фӕлӕ нӕ ферох кодтон Де ’Гъдау.

110 Ӕнаккӕгтӕ мын ахсӕн хыз сӕвӕрдтой мӕ размӕ, фӕлӕ ӕз нӕ ахызтӕн Дӕ амындтыты сӕрты.

111 Дӕ фӕдзӕхстытӕ мӕ исбон сты мыггагмӕ, уыдон сты мӕ зӕрдӕйы цин.

112 Ӕз сфӕнд кодтон мыггагмӕ Дӕ уагӕвӕрдтӕм гӕсгӕ цӕрын.

113 Дыдзӕсгӕмттӕ ӕнӕуынон сты мӕнӕн, Де ’Гъдау та Дын уарзын.

114 Ды мӕнӕн — ме ’мбӕхсӕн мӕсыг, Дӕ ныхасыл мӕ зӕрдӕ дарын.

115 Фыдгӕнджытӕ, ацӕут мӕ разӕй, мӕ Хуыцауы фӕдзӕхстытӕм гӕсгӕ цӕрдзынӕн.

116 Фӕфидар мӕ кӕн Дӕ ныхасмӕ гӕсгӕ, ӕмӕ цӕрдзынӕн; мӕхицӕн ныфс цӕмӕй ӕвӕрын, уымӕй мӕ фыдӕнхъӕл ма фӕкӕн.

117 Ме ’нцой фӕлӕуу, цӕмӕй фервӕзон, ӕмӕ ӕдзух ахуыр кӕндзынӕн Дӕ уагӕвӕрдтӕ.

118 Дӕ уагӕвӕрдты сӕрты чи ахызти, уыдоныл Ды атигъ кодтай Дӕхи, уымӕн ӕмӕ сӕ хинвӕндтӕ мӕнгард сты.

119 Ды цъӕмӕлтау аиуварс кодтай ӕгас зӕххы фыдлӕгты, мӕнӕн та уарзон сты Дӕ уагӕвӕрдтӕ.

120 Ризы мӕ буар фыр тӕссӕй Дӕ разы, тӕрсын Дӕ тӕрхонӕй.

121 Ӕз цардтӕн Ӕгъдау ӕмӕ рӕстдзинадмӕ гӕсгӕ, ме знӕгты къухтӕм мӕ ма ратт.

122 Дӕ цагъарӕн фӕрныгадӕй ныфс бавӕр, хъалтӕ мӕ куыннӕ ӕфхӕрой, афтӕ.

123 Ныуурс сты мӕ цӕстытӕ Де ’ххуысмӕ, Дӕ раст тӕрхоны уынаффӕмӕ.

124 Дӕ хорзӕхӕй схайджын кӕн Дӕ цагъары, Дӕ уагӕвӕрдтыл мӕ сахуыр кӕн.

125 Дӕ цагъар дӕн ӕз, скӕн мӕ ӕмбаргӕ ӕмӕ Дын ӕз Дӕ амындтытӕ базонон.

126 Ралӕууыд Дунедарӕгӕн Йӕ хъомыс равдисыны афон — Де ’Гъдауыл дын балӕгӕрстой къахӕй.

127 Мӕнӕн та Дӕ фӕдзӕхстытӕ ӕхцондӕр сты сыгъзӕринӕй, сыгъдӕг сыгъзӕринӕй.

128 Ӕз Де ’ппӕт уынаффӕтӕ растыл нымайын — цӕвӕрфӕнды мӕнгдзинады фӕндаг дӕр ӕнӕуынон у мӕнӕн.

129 Дӕ уагӕвӕрдтӕ диссаг сты, уымӕн сӕ дарын мӕ зӕрдӕйы.

130 Дӕ дзырды раргом тауы рухс, хуымӕтӕг адӕмы скӕны ӕмбаргӕ.

131 Адӕргӕй мын улӕфт нал фаг кӕны, афтӕ бӕллын Дӕ фӕдзӕхстытӕм.

132 Ӕркӕс мӕм ӕмӕ мын батӕригъӕд кӕн, Дӕ ном чи уарзы, ӕппӕт уыдонау.

133 Дӕ ныхасӕй мын сфидар кӕн мӕ къахдзӕфтӕ, фыддзинады амӕттаг мӕ ма фӕкӕн.

134 Адӕмы ӕфхӕрдӕй мӕ бахиз, ӕмӕ ӕххӕст кӕндзынӕн Дӕ уагӕвӕрдтӕ.

135 Срухс кӕн Дӕ цагъары Дӕ цӕсгомы рухсӕй, Дӕ уагӕвӕрдтӕ мын раргом кӕн.

136 Адӕм не ’ххӕст кӕнынц Де ’Гъдау, ӕмӕ уый тыххӕй мӕ цӕстытӕй кӕлынц цӕссыджы суадӕттӕ.

137 Рӕстаг дӕ Ды, Дунедарӕг, ӕмӕ раст сты Дӕ уынаффӕтӕ.

138 Дӕ фӕдзӕхстытӕ раст сты, сӕ бындуры — ӕххӕст ӕцӕгад.

139 Мастӕй мӕ зӕрдӕ йедзаг у, уымӕн ӕмӕ мӕ фыдгултӕй ферох сты Дӕ ныхӕстӕ.

140 Сыгъдӕг згъӕрау у Дӕ дзырд ӕмӕ йӕ уарзын ӕз, Дӕ цагъар.

141 Ӕз ницӕйаг ӕмӕ ӕлгъаг дӕн, фӕлӕ нӕ ферох кодтон Дӕ уагӕвӕрдтӕ.

142 Дӕ рӕстдзинад — ӕнусон рӕстдзинад, Де ’Гъдау — ӕцӕгдзинад.

143 Маст ӕмӕ бӕллӕхы бын фӕдӕн, фӕлӕ мын Дӕ фӕдзӕхстытӕ цин хӕссынц.

144 Дӕ уынаффӕтӕ раст сты мыггагмӕ, ӕмбарынад мын ратт, ӕмӕ цӕрон.

145 Ӕппӕт зӕрдӕйӕ Дӕм дзыназын: фехъус мӕ, о Дунедарӕг, ӕмӕ уыдзынӕн коммӕгӕс Дӕ уагӕвӕрдтӕн.

146 Кувын Дӕм: фервӕзын мӕ кӕн, ӕмӕ Дын ӕз ӕххӕст кӕндзынӕн Дӕ уагӕвӕрдтӕ.

147 Боныцъӕхтӕй раздӕр Дӕм ӕххуысагур дзыназын ӕз, Дӕ ныхасыл мӕ зӕрдӕ дарын.

148 Хурыскастмӕ дӕр нал фӕлӕууын, ӕхсӕвдарӕй хъуыды кӕнын Дӕ ныхасыл.

149 Дунедарӕг, фехъус мын мӕ хъӕлӕс Де стыр хорзӕхы фӕрцы, ӕмӕ мын цард балӕвар кӕн Дӕ раст тӕрхонмӕ гӕсгӕ.

150 Ӕрбаввахс сты фыдгӕнджытӕ; куыд дард сты уыдон Де ’Гъдауӕй!

151 Хӕстӕг дӕ Ды, Дунедарӕг, ӕцӕгдзинад ис Де ’ппӕт фӕдзӕхстыты.

152 Рагӕй мын зындгонд сты Дӕ уагӕвӕрдтӕ, Ды сӕ сфидар кодтай мыггагмӕ.

153 Ӕркӕс мын мӕ дудгӕбонмӕ ӕмӕ мӕ фервӕзын кӕн, уымӕн ӕмӕ Дын ӕз Де ’Гъдау нӕ ферох кодтон.

154 Мӕ хъуыддаг мын равзар, бахъахъхъӕн мӕ ӕмӕ мын царды бонтӕ балӕвар кӕн.

155 Ӕнӕхуыцӕуттӕй ирвӕзындзинад дард у — уыдон Дӕ уагӕвӕрдтӕ ницӕмӕ дарынц.

156 О Дунедарӕг, нӕй кӕрон дӕ хӕрзтӕн; царды бонтӕ мын балӕвар кӕн Дӕ раст тӕрхонмӕ гӕсгӕ.

157 Мӕ сурджытӕ ӕмӕ мӕ фыдгултӕ бирӕ сты, фӕлӕ иуварс не здӕхын Дӕ уагӕвӕрдтӕй.

158 Ӕлгъаг мын сты, Дӕу чи ныууагъта, Дӕ ныхасӕн Дын коммӕгӕс чи нӕу, уыдон.

159 Ӕркӕс, куыд уарзон сты мӕнӕн Дӕ фӕдзӕхстытӕ, Дунедарӕг! Царды бонтӕ мын балӕвар кӕн Дӕ хорзӕхмӕ гӕсгӕ.

160 Дӕ ныхасы бындур — ӕцӕгад, ӕнусон ӕмӕ раст сты Дӕ тӕрхӕттӕ.

161 Ӕнаххосӕй мӕ фӕдыл зилынц ӕлдӕрттӕ, фӕлӕ мӕ зӕрдӕ аргъуыц кӕны Дӕ дзырды раз.

162 Ӕз цин кӕнын Дӕ ныхасыл раст цыма стыр ӕфтиаг райстон, уыйау.

163 Мӕнгдзинад мын ӕнӕуынон, ӕлгъаг у, Де ’Гъдау та Дын уарзын.

164 Бон авд хатты кад кӕнын Дӕуӕн Дӕ раст тӕрхӕтты тыххӕй.

165 Фарн ис, Де ’Гъдау чи уарзы, уыдонимӕ, ӕмӕ сын фӕцудынӕй тас нӕу.

166 Дӕ ирвӕзындзинадыл дарын мӕ зӕрдӕ, Дунедарӕг, ӕххӕст кӕнын Дӕ фӕдзӕхстытӕ.

167 Мӕ уды рӕбын хъахъхъӕнын Дӕ фӕдзӕхстытӕ, ӕмӕ сӕ уарзын ӕппӕт зӕрдӕйӕ.

168 Ӕххӕст кӕнын Дӕ уагӕвӕрдтӕ ӕмӕ Дӕ фӕдзӕхстытӕ, мӕ алы фӕндаг — Дӕ цӕстыты раз.

169 О Дунедарӕг, мӕ дзыназын мын фехъус Дӕ ныхасмӕ гӕсгӕ мын ӕмбарынад ратт.

170 Айс мын мӕ куывд, Дӕ ныхасмӕ гӕсгӕ мӕ фервӕзын кӕн.

171 Мӕ комӕй стауӕн ныхас рацӕудзӕн, Де ’гъдӕуттӕ мын куы бацамонай, уӕд.

172 Ме ’взагӕй райхъуысдзӕни Дӕ дзырд, уымӕн ӕмӕ Дӕ фӕдзӕхстытӕ иууылдӕр раст сты.

173 Дӕ цонг мын ӕххуысгӕнӕг уӕд, Дӕ уагӕвӕрдтӕм гӕсгӕ цӕрын.

174 Дунедарӕг, Дӕ ирвӕзындзинадмӕ бӕллын, Де ’Гъдауӕй ныфс ӕвӕрын мӕхицӕн.

175 Цӕрӕд мӕ уд ӕмӕ Дӕ стауӕд, ӕххуысгӕнӕг мын уӕд Дӕ уынаффӕтӕ.

176 Ӕз фӕндаг нал арын дзӕгъӕл фысау. Дӕ цагъары ӕрцагур, уымӕн ӕмӕ ӕз Дӕ фӕдзӕхстытӕ нӕ ферох кодтон ӕз.

© Bible Society in Russia, 2002, 2009, 2011-2015, 2018.

Bible Society in Russia
Lean sinn:



Sanasan