Псаломтӕ 115 - Осетинская Библия. Отдельные книги Ветхого Завета1 Мӕ уырнындзинад фидар уыд, ӕмӕ ӕз уымӕ гӕсгӕ дзырдтон: «Бастадтӕн бынтондӕр». 2 Мӕ фыр тыхстӕй загътон: «Иу адӕймагыл дӕр ӕууӕнк нӕй». 3 Дунедарӕджы хӕрзтӕ цӕмӕй бафиддзынӕн ӕз? 4 Ирвӕзындзинады кӕхц райсдзынӕн ӕмӕ Дунедарӕджы ном ссардзынӕн. 5 Йӕ разы цӕмӕйдӕриддӕр басомы кодтон — иууылдӕр сӕ сӕххӕст кӕндзынӕн Йе ’ппӕт адӕмы раз. 6 Дунедарӕджы цӕсты зынаргъ у Йӕ сыгъдӕджыты мӕлӕт. 7 О Дунедарӕг, ӕз Дӕ цагъар дӕн, Дӕ цагъар, Дӕ цагъар сылгоймаджы хъӕбул; Ды мӕ суӕгъд кодтай мӕ рӕхыстӕй. 8 Бузныджы нывонд Дын ӕрхӕсдзынӕн ӕмӕ Дунедарӕджы ном ссардзынӕн. 9 Йӕ разы цӕмӕйдӕриддӕр басомы кодтон — иууылдӕр сӕ сӕххӕст кӕндзынӕн Йе ’ппӕт адӕмы раз, 10 Дунедарӕджы Аргъуаны кӕрты, дӕ астӕу, Йерусалим! Алелуйа! |
© Bible Society in Russia, 2002, 2009, 2011-2015, 2018.
Bible Society in Russia