Псаломтӕ 111 - Осетинская Библия. Отдельные книги Ветхого Завета1 Алелуйа! Тӕхудиаг у, Дунедарӕгӕн аргъуц чи кӕны, Йӕ фӕдзӕхстытӕ ӕхцон кӕмӕн сты. 2 Тыхджын уыдзӕни уымӕн зӕххыл йӕ хъӕстӕ, рӕстудты мыггаг арфӕгонд уыдзӕни. 3 Мыды къусау — йӕ нӕргӕ хӕдзар, йӕ рӕстад уыдзӕни ӕнусон. 4 Рӕстгӕнджытӕн сӕудары дӕр рухс скӕсы, уымӕн ӕмӕ Дунедарӕг хатыргӕнаг, рӕдау ӕмӕ рӕстаг у. 5 Фӕрнджын у фӕлмӕнзӕрдӕ адӕймаг, рӕдауӕй ӕфстау чи дӕтты ӕмӕ йӕ хъуыддӕгтӕ рӕстӕй чи аразы, уый. 6 Мыггагмӕ дӕр нӕ фӕцуддзӕн, рӕстгӕнӕг мыггагмӕ дӕр рох нӕ уыдзӕн. 7 Нӕ фӕтӕрсдзӕни уый фыд уацӕй, фидарӕй йӕ зӕрдӕ дары Дунедарӕгыл. 8 Сабыр у йӕ зӕрдӕ, нӕ фӕтӕрсдзӕни, йе знӕгтӕм кӕсгӕйӕ. 9 Цы йӕм уыд, уый рӕдауӕй байуӕрста мӕгуыртӕн; йӕ рӕстад уыдзӕни ӕнусон, йӕ кад уыдзӕни бӕрзонд. 10 Ӕнӕхуыцау ӕм хӕлӕгӕй мӕлдзӕн, йӕ дӕндӕгты къӕс-къӕс цӕудзӕн ӕмӕ баруайдзӕн. Ӕнаккӕгты фӕндиӕгтӕ нӕ сӕххӕст уыдзысты! |
© Bible Society in Russia, 2002, 2009, 2011-2015, 2018.
Bible Society in Russia