Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -

Псаломтӕ 109 - Осетинская Библия. Отдельные книги Ветхого Завета

1 Давиды псалом. Дунедарӕг загъта мӕ Бардарӕгӕн: «Сбад мӕ рахизфарс, ӕмӕ Дын Ӕз Де знӕгты Дӕ къӕхты бын ӕрӕвӕрдзынӕн».

2 Дӕ хъаруйы лӕдзӕг Дӕм арвитдзӕни Дунедарӕг Сионӕй — ӕлдариуӕг кӕн Дӕ алыварс знӕгтӕн.

3 Уыцы бон Дӕ адӕм ӕмвӕндӕй тохмӕ рацӕудзысты Демӕ. Сӕуӕхсидӕй Дӕ райгуырын кодтон сӕууон ӕртӕхау.

4 Сомы ракодта Дунедарӕг ӕмӕ Йӕ дзырд нӕ фӕсайдзӕн: «Ды Мелкиседекы хуызӕн Алчер дӕ мыггагмӕ».

5 Дунедарӕг — Дӕ рахизфарс. Йӕ азары бон паддзӕхты ӕрцӕвдзӕн.

6 Адӕмтӕн рахӕсдзӕни тӕрхон, мӕрдтӕй байдзаг кӕндзӕни бӕстӕ, ӕгас зӕххыл хицӕутты сӕртӕ ныссӕтдзӕн.

7 Фӕндагыл цӕугӕдонӕй нуаздзӕн ӕмӕ сбӕрзонд уыдзӕн Йӕ кад.

© Bible Society in Russia, 2002, 2009, 2011-2015, 2018.

Bible Society in Russia
Lean sinn:



Sanasan