Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -

Псаломтӕ 103 - Осетинская Библия. Отдельные книги Ветхого Завета

1 Арфӕ ракӕн, мӕ уд, Дунедарӕгӕн! Дунедарӕг, мӕ Хуыцау, стыр дӕ Ды! Кад ӕмӕ стырад — Дӕ фӕлыст.

2 Рухсӕй Дӕхи сфӕлыстай дарӕсау ӕмӕ арв айтыгътай цатырау,

3 дӕттӕн сӕ сӕрмӕ ӕрцарӕзтай галуантӕ. Ӕврагъ — Дӕ уӕрдон, дымгӕйы базыртыл тӕхыс.

4 Дымгӕтау скӕныс Дӕ зӕдты, зынг ӕмӕ артау — Дӕ лӕггадгӕнджыты.

5 Фидар бындурыл ӕрӕвӕрдтай зӕхх ӕмӕ йӕ бынатӕй никуы фӕиртӕсдзӕн.

6 Дарӕсау ӕй ӕрӕмбӕрзтай дӕттӕй ӕмӕ уыдон хӕхтӕй фӕуӕлдӕр сты.

7 Фӕлӕ дӕ хъӕрӕй згъорынмӕ фесты, лидзынц дӕттӕ Дӕ ныннӕрдӕй.

8 Азгъордтой хӕхтыл, ӕркалдысты фӕзмӕ — Ды сын цы бынат снысан кодтай, уырдӕм.

9 Ды уыдонӕн арӕнтӕ скодтай ӕмӕ сын нӕй ахизӕн сӕ сӕрты, цӕмӕй зӕхх мауал фӕдӕлдон кӕной.

10 Суадӕттӕ ауадзыс дӕлвӕзты ӕмӕ атындзынц хӕхты ’хсӕнты.

11 Ӕфсадынц донӕй ӕппӕт быдираг сырдты, хъӕддаг хӕрӕг суадзы йӕ дойны.

12 Донбылтыл цӕрынц уӕларвон мӕргътӕ, сыфтӕрты ’хсӕнӕй хъуысы сӕ зарын.

13 Ды Дӕ бӕрзӕндӕй донхорыг кӕныс хӕхтӕ, зӕхх дӕр Дӕ фӕрцы у ӕфсӕст.

14 Кӕрдӕг ӕрзайын кӕныс фосӕн, зайӕгхӕлттӕ — адӕмы пайдайӕн, цӕмӕй зӕххӕй амал кӕной хойраг:

15 адӕймаджы зӕрдӕ хъӕлдзӕггӕнӕг сӕн, стӕй сой, йӕ цӕсгом цӕхӕр кӕмӕй калы; адӕймагӕн хъару дӕттӕг дзул.

16 Донӕфсӕст сты Дунедарӕджы бӕлӕстӕ, ливайнаг кедртӕ — Йӕхӕдӕг кӕй ныссагъта, уыдон.

17 Мӕргътӕ сыл ахстӕттӕ кӕнынц, нӕзытыл ӕрбынат кӕнынц къадзтӕ.

18 Хӕхты рӕгътӕ — сычъиты цӕрӕн, къӕдзӕхты скъуыдтӕ — даманы бынат.

19 Ды сфӕлдыстай мӕй, цӕмӕй рӕстӕг ӕвдиса, хурӕн бӕлвырд у йӕ ныгуылӕн афон.

20 Айтындзыс талынг — ӕрлӕууы ӕхсӕв, хъӕддаг сырдтӕ рацӕуынц сӕ бынӕттӕй.

21 Цуангӕнӕг домбӕйттӕ рыхынц — амӕттаг курынц Хуыцауӕй.

22 Хур куы скӕса, уӕд сӕхи айсдзысты, схуысдзысты сӕ хуыккомы.

23 Адӕймаг йӕ куысты сӕр ӕрлӕууы ӕмӕ изӕрмилтӕм йӕ астӕу нӕ раст кӕны.

24 Куыд бирӕ сты, Дунедарӕг, Дӕ хъуыддӕгтӕ, ӕппӕтдӕр сфӕлдыстай Дӕ уӕлзонды фӕрцы! Дӕ фӕлдисӕндтӕй йемыдзаг у зӕхх.

25 Уый дын мӕнӕ стыр ӕмӕ ӕгӕрон денджыз, йӕ мидӕг нымӕц дӕр нӕй змӕлӕгойтӕн, стыр ӕмӕ гыццыл цӕрӕгойтӕн.

26 Уым наутӕ дыууӕрдӕм кӕнынц, уым Де сфӕлдыст Левиафан хъазы йӕхицӕн.

27 Се ’ппӕтӕн дӕр сӕ каст Дӕумӕ у — цӕмӕй сын афоныл радтай хӕринаг.

28 Ды сын дӕттыс ӕмӕ уыдон хӕрынц, байгом кӕныс Дӕ арм ӕмӕ уыдон бафсӕдынц.

29 Де ’ргом сӕ куы аздахыс, уӕд схъомпал вӕййынц. Сӕ комулӕфт сын куы айсыс, уӕд ӕрбамӕлынц ӕмӕ та ногӕй сыджыт фестынц.

30 Дӕ Уд куы рарвитыс, уӕд сӕвзӕрынц. Афтӕ Ды сног кӕныс Зӕххы уӕлцъар.

31 Кад уӕд Дунедарӕгӕн мыггагмӕ! Райӕд Йӕ фӕлдисӕндтӕй!

32 Уый ӕркӕсы зӕхмӕ ӕмӕ зӕхх нырризы. Хӕхтӕм фӕцагайы ӕмӕ сӕ фӕздӕг скӕлы.

33 Дунедарӕгыл зардзынӕн, цалынмӕ цӕрон, уӕдмӕ, мӕ Хуыцауы стаудзынӕн, цалынмӕ удӕгас дӕн, уӕдмӕ.

34 Мӕ зарӕг Ын уӕд ӕхцон, ӕз цин кӕндзынӕн Дунедарӕгыл.

35 Тӕригъӕдджынтӕ фесӕфӕнт зӕххӕй, мауал фӕзынӕнт ӕнаккӕгтӕ! Дунедарӕгӕн арфӕ ракӕн, мӕ уд! Алелуйа!

© Bible Society in Russia, 2002, 2009, 2011-2015, 2018.

Bible Society in Russia
Lean sinn:



Sanasan