Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -

Псаломтӕ 100 - Осетинская Библия. Отдельные книги Ветхого Завета

1 Давиды псалом. Иузӕрдиондзинад ӕмӕ раст тӕрхон стауын мӕ зарӕджы, Дӕуӕн зарын, Дунедарӕг!

2 Раст фӕндагыл у мӕ сагъӕс ӕдзух, кӕд мӕм ӕрцӕудзынӕ? Сыгъдӕгзӕрдӕйӕ ӕз цӕрын мӕ хӕдзары,

3 ӕлгъаг цы у, ахӕмӕй ницы сӕвӕрдзынӕн мӕ цӕстыты раз. Хуыцауыл йӕ зӕрдӕ сивӕг ӕнӕуынон у мӕнӕн, ӕмгӕрон ӕм не ’рцӕудзынӕн.

4 Мӕнгардӕй мӕм ницы ис, фыддзинадӕй мӕхи хизын.

5 Фӕсвӕд искӕуыл цъыф чи калы, уыдоны дзыхтӕ сӕхгӕнын, сӕрхызт ӕмӕ ӕнӕввӕрсонӕн нӕ барын.

6 Мӕ цӕстӕнгас сарӕзтон бӕстӕйы иузӕрдионтӕм, мӕхимӕ сӕ ӕрбахӕстӕг кӕнын. Раст фӕндагыл чи цӕуы, уый мын лӕггад кӕндзӕни.

7 Мӕнгардӕн мӕ хӕдзары бынат нӕй, мӕнг дзурӕгӕн мӕ цӕсты раз бынат нӕ разындзӕн.

8 Ӕрвылрайсом ӕнаккӕгты цӕгъдын зӕххыл, Дунедарӕджы сахарӕй фесафдзынӕн фыдгӕнджыты.

© Bible Society in Russia, 2002, 2009, 2011-2015, 2018.

Bible Society in Russia
Lean sinn:



Sanasan