Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -

Псаломтӕ 10 - Осетинская Библия. Отдельные книги Ветхого Завета

1 Зарӕггӕнджыты къорды разамонӕгӕн. Давиды псалом. Дунедарӕгыл дарын мӕ зӕрдӕ! Куыд мын дзурут уӕд: «Хӕхтӕм атӕх маргъау!»

2 Мӕнӕ фыдгӕнджытӕ айвӕзтой се ’рдын, фат ӕрбавӕрдтой ӕрдынбосыл — талынджы рӕстзӕрдӕты фехсынӕн.

3 Алцыдӕр йӕ бындурӕй куы фехӕлди, уӕд ма рӕстуды бон цы у?

4 Дунедарӕг — Йӕ уаз Кувӕндоны, Дунедарӕг — Йӕ паддзахы бадӕны уӕлӕрвты! Йӕ цӕст дары адӕммӕ, фӕлвары сӕ Йӕ цӕстӕнгас.

5 Дунедарӕг рӕстуды фӕлвары; ӕнӕхуыцау, тыхми уарзаг ӕнӕуынон сты Йӕ удӕн.

6 Уый фыдгӕнджытыл судзгӕ ’взалытӕ, сондон ӕруарын кӕндзӕн къӕвдайау, судзгӕ зилгӕ уад — сӕ хай.

7 Уымӕн ӕмӕ Дунедарӕг раст у, уарзы рӕстдзинад; рӕстуд Ын фендзӕни Йӕ цӕсгом.

© Bible Society in Russia, 2002, 2009, 2011-2015, 2018.

Bible Society in Russia
Lean sinn:



Sanasan