Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -

Псаломтӕ 1 - Осетинская Библия. Отдельные книги Ветхого Завета

1 Тӕхудиаг у уыцы адӕймаг, фыдгӕнджыты зонды фӕдыл чи нӕ цӕуы, тӕригъӕдджынты фӕндагыл чи нӕ лӕууы, фыддзыхтимӕ чи нӕ бады.

2 Дунедарӕджы Ӕгъдау адджын кӕмӕн у, Дунедарӕджы Дзырд ӕхсӕвӕй-бонӕй йӕ зӕрдыл чи дары!

3 Уый у доны был сагъд бӕласау, йӕ дыргътӕ афоныл кӕмӕн рӕгъӕд кӕнынц, йӕ сыфтӕр кӕмӕн не ’руайы. Цӕмӕ бавнала — алы ран дӕр ӕнтыстджын.

4 Ӕнӕхуыцӕуттӕн ӕндӕр у сӕ хъысмӕт: уыдон сты, дымгӕ кӕй ахӕссы, уыцы зыгуымау.

5 Фыдгӕнӕг не сраст уыдзӕни тӕрхоны, тӕригъӕдджын — рӕстудты ӕхсӕн.

6 Уымӕн ӕмӕ рӕстудты фӕндагмӕ Дунедарӕг Йӕ цӕст дары, фыдгӕнджыты фӕндаг та сӕфтмӕ кӕны.

© Bible Society in Russia, 2002, 2009, 2011-2015, 2018.

Bible Society in Russia
Lean sinn:



Sanasan