Экклесиаст 7 - Осетинская Библия. Отдельные книги Ветхого Завета1 Кад хӕрздӕфгӕнӕнӕй хуыздӕр у, мӕлӕты бон та — райгуырӕн бонӕй. 2 Цинтӕм цӕуынӕй, мӕстджын хӕдзармӕ цӕуын хуыздӕр у, уымӕн ӕмӕ алкӕмӕ дӕр иу кӕрон ӕнхъӕлмӕ кӕсы, уадз ӕмӕ йӕ рох мачи кӕна. 3 Куырыхонтӕ, хъыг кӕм кӕнынц, уырдӕм цӕуын хуыздӕрыл нымайынц, ӕдылытӕ цинтӕм цӕуын уарзынц. 4 Зондджын сагъӕс арӕх кӕны, ӕдылыйӕн йӕ худын нӕ фенцайы. 5 Ӕдылыйы зарджыты бӕсты куырыхоны уайдзӕфтӕм хъус. 6 Ӕдылыйы худт, какон сындз аджы бын судзгӕйӕ куыд къӕс-къӕс кӕны, уымӕй уӕлдай нӕу. Уый дӕр тагъд аивгъуыйы! 7 Искӕй ӕфхӕргӕйӕ, зондджын дӕр сӕдылы вӕййы; гӕртӕмттӕ лӕгӕн йӕ зонд сафынц. 8 Хъуыддагӕн йӕ кӕрон йӕ райдианӕй хуыздӕр у; сӕрыстыры бӕсты фӕразон у. 9 Мӕстыгӕр ма у, йӕ маст ӕдзух йӕ зӕрдӕйы ӕдылы хӕссы. 10 Ивгъуыды цард хуыздӕр цӕмӕн уыди, зӕгъгӕ, макуы фӕрс, уый зондджын лӕджы фарст нӕу. 11 Удӕгас лӕгӕн йӕ бынтӕй куыд пайда ис, афтӕ йӕ зондӕй дӕр. 12 Куырыхондзинад лӕджы ӕхцайау хорз хъахъхъӕны, фӕлӕ зонд хуыздӕр у, куырыхонтӕ удӕгасӕй баззайынц. 13 Акӕс-ма Хуыцауы хъуыддӕгтӕм: Хуыцау цы ныззылын кодта, уый чи сраст кӕндзӕн? 14 Ӕнӕмаст куы уай, уӕд цин кӕн, фыдбылызтӕ куы ’взарай, уӕд ахъуыды кӕн: сӕ иу дӕр ӕмӕ иннӕ дӕр Хуыцау уый тыххӕй радта, цӕмӕй адӕймаг, йӕ фӕстӕ цы уыдзӕн, уый ма зона. 15 Мӕ цыбыр царды алцыдӕр федтон: рӕстуд ӕвзӕрӕй ницы ракӕны, афтӕмӕй йӕ мӕлӕт ссары, тӕригъӕдджын та ’взӕр митӕ кӕны, афтӕмӕй йӕм бирӕ рӕстӕг мӕлӕт ӕввахс нӕ цӕуы. 16 Рӕстӕй цӕрыныл, дӕ алы хъуыддаджы дӕр зондджын уӕвыныл ӕгӕр тынг ма архай, науӕд фесӕфдзынӕ. 17 Фӕлӕ ӕвзӕр митӕ дӕр ӕгӕр бирӕ ма кӕн, ӕдылыты ма фӕзм — афонӕй раздӕр мӕрдтӕм цӕмӕн тагъд кӕныс? 18 Фӕндаджы астӕуыл хӕц — Хуыцауӕн кад чи кӕны, уый йӕхи алцӕмӕй дӕр бахиздзӕн. 19 Куырыхон йӕ зонды фӕрцы сахары дӕс хицауӕй тыхджындӕр у. 20 Ӕрмӕстдӕр хорздзинӕдтӕ чи кӕны, тӕригъӕд ӕппындӕр чи никуы ракодта, ахӕм рӕстуд нӕй зӕххыл. 21 Алы ныхас дӕ зӕрдӕмӕ ма ис — мыййаг, дӕ лӕггадгӕнӕджы дӕ фыдгой кӕнгӕйӕ куы баййафай. 22 Зоныс ӕй, дӕхӕдӕг дӕр искӕй ӕвзӕры кой арӕх кодтай. 23 Уыдӕттӕ ӕз иууылдӕр мӕ зонды руаджы бафӕлвӕрдтон. Загътон мӕхицӕн: «Куырыхон зондмӕ куы сӕххӕссин!» Фӕлӕ йӕм мӕ бон сӕххӕссын нӕ уыди. 24 Цы уыди, уыдон тынг дард сты, дард ӕмӕ арф! Цы нысан кӕнынц, уый чи базондзӕн? 25 Мӕ зонды фӕрцы архайдтон басгарын: зӕххыл цытӕ цӕуы, уыдон цавӕр барӕнтӕй ис абарӕн, ӕдылыдзинад цас ӕвзӕр у, ӕррадзинад цӕйбӕрц у ӕнӕзонд. 26 Ӕз бамбӕрстон: мӕлӕтӕй фыддӕр — къӕппӕджы ’нгӕс сылгоймӕгтӕ; сӕ зӕрдӕтӕ — ахсӕн хызтӕ, сӕ къухтӕ — хъадамантӕ. Хуыцауы раз раст адӕймаг чи у, уый ахӕм сылгоймагӕй аирвӕздзӕн, тӕригъӕдджын йӕ ахсӕн хызы бахаудзӕн. 27 Мӕнӕ цы базыдтон, зӕгъы Хуыцауы ныхас амонӕг, иу иннӕмӕ ’фтаугӕйӕ, ахӕм нымӕц ссардтон: 28 бирӕ фӕцагуырдтон, стӕй агургӕ дӕр кӕнын, фӕлӕ иу сылгоймагыл никуы фӕхӕст дӕн, мины ’хсӕн иу лӕджы ссардтон. 29 Иу хъуыддаг бамбӕрстон: Хуыцау адӕймаджы хуымӕтӕгӕй сфӕлдыста, фӕлӕ адӕм алцыдӕр райдыдтой сӕхи барӕнтӕй барын. |
© Bible Society in Russia, 2002, 2009, 2011-2015, 2018.
Bible Society in Russia