Экклесиаст 6 - Осетинская Библия. Отдельные книги Ветхого Завета1 Арвы бын мӕм иу хъуыддаг ӕппындӕр раст нӕ кӕсы, адӕм ӕй арӕх ӕвзарынц: 2 Хуыцау адӕймаджы схъӕздыг ӕмӕ скадджын кӕны, цӕмӕ бӕллы, уыдӕттӕй хъуаг ницӕмӕй феййафы, фӕлӕ йын йӕ исбонмӕ йӕ къух бадарын нӕ фӕуадзы, йӕ фӕллӕйттӕн ын ӕцӕгӕлон уынаффӕ фӕкӕны. Ӕмӕ та уый дӕр аивгъуыйы, стыр бӕллӕх у уый! 3 Адӕймагӕн сӕдӕ сывӕллоны куы уа, зӕронды бонтӕм куы фӕцӕра, фӕлӕ йӕ цӕргӕбонты амондджын куынӕ уа ӕмӕ ӕнӕныгӕдӕй куы баззайа, уӕд ӕфтыддаг амондджындӕр у. 4 Уымӕн ӕмӕ цыбыр рӕстӕгмӕ фӕзыны ӕмӕ йӕ ном талынджы аныгъуылы. 5 Уый хуры рухс нӕ фены, ницы базоны, фӕлӕ иннӕ адӕмӕй уӕлдай ӕнцой ссары. 6 Иннӕтӕ та, дыууӕ мин азы куы фӕцӕрой, фӕлӕ амонд куынӕ бавзарой, уӕддӕр уыциу ранмӕ цӕуынц. 7 Адӕм се ’ппӕт дӕр кусынц, цӕмӕй сӕ гуыбынтӕ бафсадой, фӕлӕ сӕ удтӕ та не ’фсӕдынц. 8 Уӕдӕ куырыхонтӕ ӕдылытӕй цӕмӕй хуыздӕр сты? Мӕгуыр лӕгӕн царды мидӕг йӕ зондӕй цы пайда ис? 9 Дӕ цӕстӕй цы уыныс, уый — хорз, истӕмӕ бӕллын — зӕрдӕйы сагъӕс. Уыдӕттӕ дӕр аивгъуыйынц, дымгӕ ’рцахсыныл куы архайай, уымӕй уӕлдай не сты! 10 Цыдӕриддӕр хъуамӕ ӕрцӕуа, уый ныридӕгӕн бӕлвырд у; адӕймаг цы у, уый дӕр зындгонд у — йӕхицӕй тыхджындӕримӕ хӕцын йӕ бон нӕу. 11 Нӕ цард къаддӕр цы хъуыддӕгтӕй ӕмӕ цы ныхӕстӕй кӕны, уыдон бирӕ сты, ницы пайда сӕ ис! 12 Чи йӕ зоны, лӕгӕн цӕрын куыд хуыздӕр у, уый, йӕ царды цыбыр фӕндаг аууонау фӕцыдӕр вӕййы. Йӕ фӕстӕ зӕххыл цы уыдзӕнис, уыдӕттӕ йын чи радзурдзӕн? |
© Bible Society in Russia, 2002, 2009, 2011-2015, 2018.
Bible Society in Russia