Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -

Экклесиаст 3 - Осетинская Библия. Отдельные книги Ветхого Завета

1 Дунейы алцӕмӕн дӕр ис бӕлвырд рӕстӕг ӕмӕ хуыздӕр афон:

2 райгуырынӕн ӕмӕ амӕлынӕн; тауынӕн ӕмӕ, цы ныссагъдӕуыд, уый ӕд уидӕгтӕ срӕдувынӕн;

3 марынӕн ӕмӕ дзӕбӕх кӕнынӕн; халынӕн ӕмӕ аразынӕн;

4 кӕуынӕн ӕмӕ худынӕн; хъарӕг кӕнынӕн ӕмӕ кафынӕн;

5 дуртӕ алырдӕм хӕлиу кӕнынӕн ӕмӕ се ’мбырд кӕнынӕн; хъӕбыстӕн ӕмӕ хъӕбыстӕй хи иуварс кӕнынӕн;

6 агурынӕн ӕмӕ, цы фесӕфтис, уый фӕдыл мауал зилынӕн; бавӕрынӕн ӕмӕ аппарынӕн;

7 аскъуыйынӕн ӕмӕ бахуыйынӕн; хъусӕй лӕууынӕн ӕмӕ дзурынӕн;

8 уарзт ӕмӕ ӕнӕуынондзинадӕн; хӕст ӕмӕ фидыдӕн.

9 Уӕдӕ кусӕг лӕг йӕ хидвӕллойӕ ӕцӕгӕйдӕр цы райсы?

10 Ӕз федтон, Хуыцау адӕмӕн цы куыстытӕ бабар кодта, уыдон се ’ппӕт дӕр.

11 Алцыдӕр хорз йӕ афоныл у, Хуыцауӕн фӕндон куыд у, уымӕ гӕсгӕ. Хуыцау адӕмӕн сӕ зӕрдӕты бавӕрдта ӕнусон дуне ӕмбарыны зонд, фӕлӕ Йын Йӕ хъуыддӕгтӕ кӕронмӕ бамбарын адӕймаджы бон нӕу.

12 Ӕз базыдтон: цалынмӕ адӕймаг зӕххыл цӕры, уӕдмӕ йын хъӕлдзӕг ӕмӕ райгондӕй цӕрынӕй хуыздӕр ницы ис.

13 Кӕд лӕг хӕры ӕмӕ нуазы, йӕ къухты фӕллойӕ йӕ зӕрдӕ райы, уӕд ын уый Хуыцауӕй лӕвӕрд у.

14 Ӕз бамбӕрстон: Хуыцау цы саразы, уый ӕнусон у. Йӕ хъуыддӕгтӕм Ын бафтауӕн ницы ис, аппарӕн дӕр афтӕ. Уыдӕттӕ аразгӕйӕ, Хуыцау тырны уымӕ, цӕмӕй Йын адӕм кад кӕной.

15 Цы уыди, уый ис ӕмӕ уыдзӕн. Ивгъуыды цыдӕриддӕр уыд, уыдон Хуыцауӕн Йӕ бон фӕстӕмӕ раздахын у.

16 Алы ран дӕр зӕххыл иу хъуыддаг уыдтон: рӕстдзинад кӕм хъуамӕ уа, уым — фыдракӕнд, рӕстады бынаты дӕр афтӕ.

17 Мӕхицӕн загътон: «Хуыцау рӕстудӕн дӕр ӕмӕ фыдгӕнӕгӕн дӕр стӕрхон кӕндзӕн, алцӕмӕн дӕр дӕр йӕхи афон ис».

18 Ноджы ма загътон: «Хуыцау адӕмы фӕлваргӕ кӕны: хъуамӕ бамбарой, ӕнӕ Хуыцауӕй фосӕй уӕлдай кӕй не сты».

19 Уымӕн ӕмӕ сын иу фидӕн ис: фос дӕр ӕмӕ адӕм дӕр мӕлынц, иу уӕлдӕфӕй улӕфынц, адӕймаг фосӕй хуыздӕр ницӕмӕй у. Иутӕ дӕр ӕмӕ иннӕтӕ дӕр фесӕфдзысты.

20 Фос дӕр ӕмӕ адӕм дӕр уыцы иу ранмӕ цӕуынц: удӕгасӕй цыдӕриддӕр ис, уыдон иууылдӕр сыджытӕй равзӕрдысты ӕмӕ сыджытыл бафтдзысты.

21 Бӕлвырд куыд базонӕн ис, адӕймаджы уд уӕларвмӕ атӕхы, цӕрӕгойы уд та зӕххы бынмӕ ацӕуы, уый?

22 Ӕз бамбӕрстон: адӕймагӕн йӕ зӕрдӕ хъуамӕ райа йӕ куыстӕй. Ницы ис лӕгӕн уымӕй хуыздӕр, уымӕн ӕмӕ кусынӕн райгуыры. Йӕ фӕстӕ цы уыдзӕн, уыдон та йын чи равдисдзӕн?

© Bible Society in Russia, 2002, 2009, 2011-2015, 2018.

Bible Society in Russia
Lean sinn:



Sanasan