Зарджыты зарӕг 8 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног ФӕдзӕхстЧызг: 1 — Ехх, ме ’фсымӕр куы фестис, мӕ ныййарӕг мад дӕ йӕ риуӕй куы схастаид! Уӕд дын, уынджы фембӕлгӕйӕ, батӕ кӕнин, ӕмӕ мыл ничи фӕхудид. 2 Ӕрбакӕнин дӕ мӕ ныййарӕг мады, мӕ хъомылгӕнӕджы, хӕдзармӕ. Бафсадин дӕ, хъацӕнтӕ цы сӕныл конд ис, уымӕй, мӕ гранаты донӕй. 3 Йӕ галиу къух мын бакодта мӕ сӕры бын, рахизӕй мӕ ’рбатыхта йӕ хъӕбысы. 4 О, Йерусалимы чызджытӕ, расомы кӕнут: ма райхъал кӕнут, ма фӕхъыгдарут уарзт, цалынмӕ йӕхи бафӕнда, уӕдмӕ! Йерусалимы чызджытӕ: 5 — Чи у уый, ӕдзӕрӕг быдырӕй чи ссӕуы, йӕ къух йӕ уарзоны дӕлармы бакодта, афтӕмӕй? — Фӕткъуы бӕласы бын дӕ райхъал кодтон — уым равзӕрди дӕ гуырдз, уым рантыстӕ дӕ ныййарӕг мадӕн. Чызг: 6 О, макуы мӕ фӕхицӕн кӕн дӕ зӕрдӕйӕ, о, де ’нгуылдзыл мӕ къухдарӕнау бакӕн! Уымӕн ӕмӕ уарзондзинад тыхджын у мӕлӕтау, мӕрдтыбӕстау ӕгъатыр у зӕрдӕхсайд, йӕ фӕттӕ пиллон артау судзынц! 7 Уарзондзинад денджызы бын дӕр нӕ ахуысдзӕн, цӕугӕдӕтты бын нӕ фӕдӕлдон уыдзӕн. Йӕ хӕдзары ӕппӕт хӕзнатӕ уарзондзинадыл чи ива, ууыл ӕрмӕст фӕхуддзысты. Чызджы ӕфсымӕртӕ: 8 — Нӕ хо чысыл у нырма, риуы хъӕр ыл нӕма ис, курӕг ӕй куы фӕуа, уӕд цы кӕндзыстӕм? 9 Кӕд сис у, уӕд ыл самайдзыстӕм ӕвзист галуантӕ; кӕд дуар у, уӕд ӕй сӕхгӕндзыстӕм нӕзы фӕйнӕджытӕй. Чызг: 10 — О, сис дӕн ӕз, мӕ риутӕ та — мӕсгуытӕ, йӕ хорзӕхы аккаг мӕ уымӕн скодта! 11 — Соломонӕн Баал-Хамоны — сӕндон, хъахъхъӕнджыты бӕрны йӕ бакодта. Уыдонӕй йын алчидӕр йӕ дыргътӕн хъуамӕ фида мин ӕвзист шекелы. 12 Мӕнӕн мӕ сӕндон у мӕхи бар! Мин ӕвзист шекелы дӕу фӕуӕд, Соломон, фӕйнӕ дыууӕсӕдӕ шекелы та — дӕ сӕндондартӕн! Лӕппу: 13 — О дыргъдӕтты цӕрӕг! Дӕ хъӕлӕсмӕ дын хъусынц де ’мбӕлттӕ, фехъусын ӕй кӕн мӕнӕн дӕр! Чызг: 14 — О, лидзгӕ кӕн, мӕ уарзон! Хӕрздӕфгӕнаг кӕрдӕджытӕ цы хӕхтыл зайынц, уыдоны сӕрты саг кӕнӕ сычъийау азгъор! |
© Российское Библейское Общество, перевод, комментарии, словарь, 2022
© Институт перевода Библии, перевод, комментарии, словарь, 2022
© Оформление. Российское Библейское Общество, 2022
Institute for Bible Translation, Russia