Зарджыты зарӕг 6 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног ФӕдзӕхстЙерусалимы чызджытӕ: 1 — О сылгоймӕгты рӕсугъддӕр! Кӕдӕм ацыди дӕ уарзон? Кӕцырдӕм фӕраст ис? Цом, иумӕ йӕм агурӕг фӕцӕуӕм. Чызг: 2 — Мӕ уарзон йӕ дыргъдонмӕ ныццыди, дидинджыты хӕрздӕфгӕнаг къохмӕ; уым хиздзӕнис йӕ дзуг, кӕркусӕгтӕ ӕмбырд кӕндзӕнис. 3 Мӕ уарзон мӕн у, ӕз та уый дӕн, йӕ фысты дзуг кӕркусӕгты ’хсӕн хизы. Лӕппу: 4 — О мӕ уарзон! Йерусалимау, Тирцайау рӕсугъд дӕ, тырысатимӕ цӕуӕг ӕфсӕдтау — тасӕфтауӕг! 5 О, ма мӕм кӕс, дӕ цӕстӕнгас мӕ судзы! 6 Галаады хохы сӕрӕй цыма сӕгътӕ ’рцӕйуайынц, уыйау дӕ дзыккутӕ фӕйлауынц; ногӕлвыд фыстӕ цыма найӕнӕй рацӕйцӕуынц, уыйау урс сты дӕ дӕндӕгтӕ; алкӕмӕн дӕр дзы — фаззон, иу дӕр дзы иунӕг нӕу. 7 Хызы бынӕй гранаты ’рдджытау сырхӕй зынынц дӕ рустӕ. 8 Ӕртиссӕдз — мӕ ус-паддзӕхтӕ, мӕ номылустытӕ — цыппарыссӕдзы, ӕнӕнымӕц — чызджытӕ, 9 фӕлӕ се ’хсӕн иунӕг уый равзӕрстон — мӕ сыгъдӕг бӕлоны; йӕ ныййарӕг мадӕн — иунӕг чызг, йӕ цӕсты рухс. Чызджытӕ йӕм кӕсынц ӕмӕ йӕ стауынц, кад ын кӕнынц ус-паддзӕхтӕ ӕмӕ номылустытӕ. Йерусалимы чызджытӕ: 10 — Чи у уый, чи ӕрттивы сӕуӕхсидау? Мӕйау диссаджы рӕсугъд чи у? Чи ныррухс ис хурау? Тырысатимӕ цӕуӕг ӕфсӕдтау чи у тасӕфтауӕг? Чызг: 11 — Ӕз ӕрцыдтӕн ӕнгуз бӕлӕсты къохмӕ — дӕлвӕзы халсартӕм бакӕсынмӕ: сӕнӕфсиртӕ ӕмӕ гранаттӕ дидинӕг ӕфтауынц ӕви нӕ. 12 Мӕхӕдӕг дӕр ӕй нӕ бамбӕрстон, афтӕ куыд рауадис, уый, фӕлӕ мӕ адӕмы уӕздӕттӕн сӕ уӕрдӕтты цур февзӕрдтӕн! |
© Российское Библейское Общество, перевод, комментарии, словарь, 2022
© Институт перевода Библии, перевод, комментарии, словарь, 2022
© Оформление. Российское Библейское Общество, 2022
Institute for Bible Translation, Russia