Зарджыты зарӕг 5 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног ФӕдзӕхстЛӕппу: 1 — Мӕ хо, мӕ къайаг! Ӕз ӕрбацыдтӕн мӕ дыргъдонмӕ, ӕрӕмбырд кодтон мӕ миррӕ, мӕ хӕрздӕфгӕнӕнтӕ; бахордтон мӕ мыдӕй, бануӕзтон мӕ сӕн ӕмӕ ме ’хсырӕй. — Хӕрут ӕмӕ нуазут, лымӕнтӕ! Нуазгӕ кӕнут, уӕхи бафсадут, уарзӕттӕ! Йерусалимы чызджытӕ: Чызг: 2 — Фынӕй кӕнын, фӕлӕ мӕ зӕрдӕ хъал у, ӕз хъусын — хойы мӕм мӕ уарзон: «Мӕ хо, мӕ уды гага, мӕ сыгъдӕг бӕлон, байгом мын кӕн дуар! Ӕхсӕвы уымӕлӕй мӕ сӕры хъуын ныддонласт». 3 Ныридӕгӕн мӕ дарӕс раластон, куыд ма йӕ скӕнон ногӕй? Ӕхсад сты мӕ къӕхтӕ, фӕстӕмӕ сӕ куыд чъизи кӕнон? 4 Мӕ уарзон мӕм дуары зыхъхъырӕй йӕ къух ӕрбадардта, ӕмӕ мӕ зӕрдӕ, ризгӕйӕ, ныггуыпп-гуыпп кодта. 5 Ӕз сыстадтӕн, цӕмӕй мӕ уарзонӕн дуар байгом кӕнон, миррӕйы ’ртӕхтӕ мӕ къухтӕй, ме ’нгуылдзтӕй, гуыдырыл тагъдысты. 6 Дуар байгом кодтон мӕ уарзонӕн, фӕлӕ уӕдмӕ уым нал уыд, ацыди. Фӕцыдӕр ис, ӕмӕ фӕцӕйтыдта мӕ зӕрдӕ, агуырдтон ӕй, фӕлӕ йӕ нал ардтон, сидтӕн ӕм, фӕлӕ мын дзуапп нӕ лӕвӕрдта. 7 Хъахъхъӕнджытыл сӕмбӕлдтӕн — зылдысты сахарыл. Фӕнадтой мӕ, фӕцӕфтӕ мӕ кодтой, мӕ уӕлӕфтау мын раластой мӕ уӕлӕйӕ сахары систӕ хъахъхъӕнджытӕ! 8 Йерусалимы чызджытӕ! Расомы кӕнут: мӕ уарзоныл мын куы сӕмбӕлат, уӕд-иу ын зӕгъут, фыр уарзтӕй мӕ туг кӕй байсысти! Йерусалимы чызджытӕ: 9 — О, сылгоймӕгты рӕсугъддӕр! Дӕ уарзон иннӕтӕй цӕмӕй хуыздӕр у? Ард хӕрын нын цӕмӕн кӕныс? Чызг: 10 — Мӕ уарзон урсцъар у, сырхуадул, дӕс мин лӕджы ’хсӕн йемӕ абарӕн дӕр никӕй ис! 11 Йӕ сӕр — сыгъдӕг сыгъзӕрин, йӕ сӕрыхъуынтӕ — къӕбӕлдзыг, сынты базыртау сау. 12 Йӕ цӕстытӕ доны был бадӕг бӕлӕттау сӕхи найынц ӕхсыры, цады цур бадынц. 13 Йӕ рустӕ — дидинджыты къох, сӕ хӕрздӕф хъары уӕлдӕфы. Йӕ былтӕ сты кӕркусӕгты ’нгӕс, миррӕйы сой сӕ тӕдзы. 14 Йӕ къухтӕ — сыгъзӕрин кӕхцытӕ, топазтӕй сӕ сфӕлыстӕуыд. Йӕ гуыбын — пылыстӕг, цыма йӕ саив кодтой сапфиртӕй. 15 Йӕ уӕрджытӕ — мраморӕй конд цӕджындзтӕ, сӕ бындуры — сыгъзӕрин бынӕнцайӕнтӕ. Мӕ уарзон у Ливаны хӕхты ’нгӕс, ливайнаг нӕзытау — фыр рӕсугъд! 16 Йӕ былтӕ — адджын, алцӕмӕй йӕхимӕ ’лвасы. О, Йерусалимы чызджытӕ! Ахӕм у мӕ уарзон, ахӕм у мӕ лымӕн! |
© Российское Библейское Общество, перевод, комментарии, словарь, 2022
© Институт перевода Библии, перевод, комментарии, словарь, 2022
© Оформление. Российское Библейское Общество, 2022
Institute for Bible Translation, Russia