Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -

Зарджыты зарӕг 4 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст


Лӕппу:

1 — О, цӕй рӕсугъд дӕ, мӕ уарзон, цӕй диссаджы рӕсугъд дӕ! Хызы бын бӕлӕтты ’нгӕс — дӕ цӕстытӕ! Галаады хохы сӕрӕй цыма сӕгътӕ ’рцӕйцӕуынц, уыйау дӕ дзыккутӕ фӕйлауынц.

2 Ногӕлвыд фыстӕ цыма найӕнӕй рацӕуынц, уыйау урс сты дӕ дӕндӕгтӕ; алкӕмӕн дӕр дзы — фӕйнӕ уӕрыччы, иу дӕр дзы йӕ ныййарӕг мадӕн сӕфт нӕу.

3 Дӕ былтӕ сты сырх ленты ’нгӕс, хӕрзаив. Хызы бын дӕ рустӕ гранаты ’рдджытау — сырх.

4 Давиды мӕсыг — тохы бонӕн амад, уый ӕнгӕс — дӕ хъуыр: мин уартӕй йӕ сфӕлыстӕуыд, иууылдӕр — ӕфсӕддонты уартытӕ.

5 Дӕ риутӕ — саджы дыууӕ лӕппыны кӕнӕ сычъийы фаззӕттӕ, кӕркусӕгты ’хсӕн хизынц.

6 Цалынмӕ нӕма сбон ис ӕмӕ аууӕттӕ нӕ фӕцыдӕр сты, уӕдмӕ ацӕудзынӕн дидинфӕлыст хохмӕ, буд бӕлӕсты къуыбырмӕ.

7 О мӕ уарзон! Къахӕй сӕрмӕ диссаджы рӕсугъд дӕ! Иу аипп дӕр дӕм нӕй ссарӕн!

8 Мӕ къайаг, цом мемӕ Ливанӕй! Фӕтагъд мӕм кӕн Аманайы хохы сӕрӕй, Сенир ӕмӕ Ермоны бӕрзӕндтӕй, домбӕйтты лӕгӕтӕй, фыранчытӕ цы хӕхты ’мбӕхсынц, уырдыгӕй!

9 Мӕ хо, мӕ къайаг, зӕрдӕскъӕфт мӕ фӕкодтай дӕ иу бакастӕй, ӕрмӕст дӕ хъуырыл ауыгъд фӕрдгуытӕй!

10 О мӕ хо, мӕ къайаг! Куыд ӕхсызгон мын у дӕ рӕвдыд, о, цас адджындӕр у сӕнӕй! Дӕ буары хӕрздӕф — дунейы ӕппӕт хӕрздӕфгӕнӕнтӕй хуыздӕр!

11 О, мӕ къайаг! Дӕ былтӕ — адджындӕр мыдӕй, де ’взаджы бынӕй тӕдзы ӕхсыр ӕмӕ мыд, дӕ дарӕсы тӕф — ливайнаг нӕзыты хӕрздӕфау.

12 О, мӕ хо, мӕ къайаг! Ӕхгӕд дыргъдон, ӕхгӕд цъайы ӕнгӕс дӕ! Ды — донгуырӕн, фӕлӕ дӕ нуазӕн нӕй!

13-14 Дӕ дыргъдоны зайынц гранат бӕлӕстӕ, ӕмбисонды хӕрзад дыргътимӕ; шафран, хӕрздӕфгӕнаг хъӕз ӕмӕ корицӕ, алыхуызон буд бӕлӕстӕ; алой ӕмӕ миррӕ — алы диссаджы хӕрздӕфгӕнӕнтӕ.

15 Дӕ дыргъдоны астӕу — донгуырӕн, ног донимӕ цъай, Ливаны хӕхтӕй кӕлы.


Чызг:

16 — О, райхъал у, цӕгаты дымгӕ! О хуссары дымгӕ, фӕзын! Мӕ дыргъдоныл мын радым, уадз, йӕ хӕрздӕф уӕлдӕфы ахъара! Уадз, мӕ уарзон ӕрбацӕуа йӕ дыргъдонмӕ, йӕ адджын дыргътӕй йын бахӕра!

© Российское Библейское Общество, перевод, комментарии, словарь, 2022

© Институт перевода Библии, перевод, комментарии, словарь, 2022

© Оформление. Российское Библейское Общество, 2022 

Institute for Bible Translation, Russia
Lean sinn:



Sanasan