Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -

Зарджыты зарӕг 3 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст


Чызг:

1 — Ӕхсӕвы мӕ уарзоны агуырдтон мӕ хуыссӕны, фӕлӕ йӕ не ссардтон.

2 Уӕдӕ ныр сыстон ӕмӕ сахарыл ӕрзилон, уынгты ӕмӕ фӕзты агурон мӕ уарзоны. Фӕцагуырдтон ӕй, фӕлӕ йӕ не ссардтон.

3 Хъахъхъӕнджытыл амбӕлдтӕн — уыдон зылдысты сахарыл, фарстон сӕ: «Нӕ мын федтат мӕ уарзоны?»

4 Куыддӕр сӕ цурӕй ацыдтӕн, афтӕ дын мӕ уарзоны куы ссарин! Ныххӕцыдтӕн ыл, нал ӕй суӕгъд кодтон, цалынмӕ йӕ не ’рбакодтон мӕ мады хӕдзармӕ, мӕ ныййарӕг мады уатмӕ.

5 Йерусалимы чызджытӕ! Сычъитӕ ӕмӕ быдираг хъуазтӕй расомы кӕнут: ма райхъал кӕнут уарзт, ма йӕ фӕхъыгдарут!


Адӕм:

6 — Акӕсут-ма, ӕдзӕрӕг быдырӕй арты фӕздӕгау чи ссӕуы, йӕ алыварс — буд ӕмӕ миррӕйы хӕрздӕф, алы хӕрздӕфгӕнӕнтӕ судзынц йӕ разы, афтӕмӕй?

7 Мӕнӕ — Соломоны къухтыхӕсгӕ паддзахы бадӕн, йӕ разы — ӕхсай гуыппырсары, Израилы тыхджындӕртӕ.

8 Се ’ппӕт дӕр — фӕлтӕрд ӕфсӕддонтӕ, кӕрдтӕй — ифтонг; алкӕмӕн дӕр — йӕ кард йӕ фарсыл: ӕхсӕвыгон мацӕмӕй уа тас.

9 Соломон йӕ паддзахы бадӕн сарӕзта ливайнаг нӕзытӕй;

10 йӕ цӕджындзтӕ — ӕвзистӕй, йӕ фӕсонӕнцайӕн — сыгъзӕринӕй, йӕ бадӕн — сӕнт сырх хъуымацӕй фӕлыст, Йерусалимы чызджытӕ йӕ зӕрдиагӕй саив кодтой мидӕгӕй.

11 Сионы чызджытӕ! Рацӕут ӕмӕ паддзах Соломоны кады худ фенут! Йӕ ныййарӕг мад ыл ӕй йӕ чындзӕхсӕвы, йӕ цины бон ӕркодта!

© Российское Библейское Общество, перевод, комментарии, словарь, 2022

© Институт перевода Библии, перевод, комментарии, словарь, 2022

© Оформление. Российское Библейское Общество, 2022 

Institute for Bible Translation, Russia
Lean sinn:



Sanasan