Зарджыты зарӕг 2 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног ФӕдзӕхстЧызг: 1 — Ӕз — шаройнаг нарцисс, дӕлвӕзты кӕркусӕг! Лӕппу: 2 — Кӕркусӕг сындзыты ’хсӕн ивддзаг куыд нӕ кӕны, афтӕ мӕ уарзон чызджыты астӕу бӕрӕг дары. Чызг: 3 — Фӕткъуы бӕлас хъӕддаг бӕлӕсты ’хсӕн ивддзаг куыд нӕ кӕны, афтӕ мӕ уарзон лӕппуты астӕу бӕрӕг дары; ӕхсызгон мын у йӕ аууоны бадын, адджын мын сты йӕ дыргътӕ. 4 Мӕ уарзон мӕ йӕ куывдмӕ бахуыдта, йӕ уарзты тырыса фӕйлауы мӕ сӕрмӕ. 5 Фӕфидар мӕ кӕнут адджинӕгтӕй, фӕткъуытӕй мӕ ауазал кӕнут, уымӕн ӕмӕ судзын фыр уарзтӕй! 6 Йӕ галиу къух мын бакодта мӕ сӕры бын, рахизӕй мӕ ’рбатыхта йӕ хъӕбысы. 7 Йерусалимы чызджытӕ! Сычъитӕ ӕмӕ быдираг хъуазтӕй расомы кӕнут: ма райхъал кӕнут уарзт, ма йӕ фӕхъыгдарут, цалынмӕ йӕхи бафӕнда, уӕдмӕ! Чызг: 8 — Мӕ уарзоны хъӕлӕс хъуысы! Хӕхтӕ ӕмӕ къуыбырты сӕрты мӕм гӕппытӕгӕнгӕ ’рбазгъоры. 9 Сычъийы хуызӕн, саджы ’нгӕс у мӕ уарзон. Мӕнӕ нӕ сисы цур ӕрлӕууыди, рудзынгмӕ кӕсы, хызӕджы уылты ’рбакӕсы мидӕмӕ. 10 Мӕ уарзон мӕм дзуры: «Сыст, мӕ хур, мӕ рӕсугъд, ракӕс мӕм ӕддӕмӕ! 11 Кӕсыс, зымӕг фӕцис, уарынтӕ банцадысты, 12 зӕххы бынӕй дидинджытӕ скастысты; зарын афон ралӕууыд, нӕ бӕстӕйы бӕлӕтты зарын хъуысы. 13 Фӕкъуыбар сты легъуи бӕлӕстӕ, дидинӕг калынц сӕнӕфсиры талатӕ, сӕ хӕрздӕф хъары уӕлдӕфы. Сыст, мӕ уарзон, ракӕс мӕм ӕддӕмӕ! 14 О, мӕ бӕлон, комы айнӕджы бын чи бамбӕхст! Ратт мын дӕ феныны бар, фехъусын мын кӕн дӕ хъӕлӕс — адджын у дӕ хъӕлӕс, дӕ цӕсгом — диссаджы рӕсугъд!» 15 — Ӕрцахсут-ма нын рувӕсты ӕмӕ сӕ лӕппынты! Нӕ сӕндӕттӕ нын сафынц сӕ тӕккӕ дидинӕг ӕфтаугӕйӕ! Чызг: 16 — Мӕ уарзон мӕн у, ӕз та уый дӕн, йӕ дзуг кӕркусӕгты ’хсӕн хизы. 17 Цалынмӕ нӕма сбон ис ӕмӕ аууӕттӕ нӕ фӕцыдӕр сты, уӕдмӕ саг кӕнӕ сычъийау хӕхты цъассытыл лидзгӕ кӕн, мӕ уарзон! |
© Российское Библейское Общество, перевод, комментарии, словарь, 2022
© Институт перевода Библии, перевод, комментарии, словарь, 2022
© Оформление. Российское Библейское Общество, 2022
Institute for Bible Translation, Russia