Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -

Зарджыты зарӕг 1 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст


Фыццаг зарӕг

1 Соломоны зарджытӕн сӕ хуыздӕр. — О, бафсад мӕ дӕ батӕй! Дӕ рӕвдыд — адджындӕр сӕнӕй!


Чызг — йӕ уарзонӕн:

2 Дӕ хӕрздӕф хъары уӕлдӕфы, дӕ ном у адджын миррӕйы хӕрздӕфау, чызджытӕ дӕ уымӕн уарзынц.

3 О, ахон мӕ, мах лидздзыстӕм дӕ фӕдыл! О, паддзах мӕ ӕрбакодта йӕ галуанмӕ! — Зӕрдӕскъӕфт фӕуыдзыстӕм ӕмӕ дыл цин кӕндзыстӕм, дӕ рӕвдыд дын сӕнӕй фылдӕр стаудзыстӕм — аккаг уарзтӕй дӕ уарзынц чызджытӕ!


Йерусалимы чызджытӕ: Чызг:

4 — Йерусалимы чызджытӕ! О, сау дӕн ӕз, фӕлӕ рӕсугъд — кедаронты халагъудтау, Соломоны цатыртау.

5 О, сау дӕн, уымӕ ма кӕсут — мӕ буар хурмӕ басыгъди. Ме ’фсымӕртӕ мӕм смӕсты сты: сӕ сӕндӕттӕм мын бафӕдзӕхстой зилын — мӕхи сӕндон нӕ бахъахъхъӕдтон!


Чызг:

6 — Зӕгъ-ма мын, мӕ уарзон, кӕм хизыс дӕ фосы дзуг, кӕм улӕфыс ӕмбисбон йемӕ? Дӕу агурӕг кӕдмӕ зилдзынӕн де ’мбӕлтты рӕгъӕуттыл?


Йерусалимы чызджытӕ:

7 — Уӕ, сылгоймӕгты рӕсугъддӕр! Кӕд уыдӕттӕ нырмӕ нӕ зоныс, уӕд цу ӕмӕ фыййӕутты цатырты алыварс хиз дӕ фыстӕ ӕмӕ дӕ сӕгъты.


Лӕппу:

8 — О мӕ хур! Фараоны бӕхуӕрдоны кӕй баифтындзынц, уыцы ефсимӕ дӕ абарин!

9 Куыд рӕсугъд сты фӕлындӕнты бын дӕ рустӕ, фӕрдгуыты бын дӕ дӕллагхъуыр куыд аив у!

10 Сыгъзӕрин фӕлындӕнтӕ дын сараздзыстӕм, саив сӕ кӕндзыстӕм ӕвзистӕй.


Чызг:

11 — Цалынмӕ паддзах йӕ фынджы уӕлхъус бадти, уӕдмӕ мӕ кӕрдӕджыты хӕрздӕф уӕлдӕфы нӕ атад.

12 Мӕ уарзон хӕрздӕфгӕнаг миррӕйау ӕрӕнцадис мӕ риуыл.

13 Мӕ уарзон мӕнӕн — Ен-Гедийы сӕндӕтты дидинджыты хӕрздӕф!


Лӕппу:

14 — О мӕ уарзон, цӕй диссаджы рӕсугъд дӕ! Бӕлӕтты ’нгӕс — дӕ цӕстытӕ.


Чызг:

15 — О мӕ зынаргъ, цӕй диссаджы рӕсугъд дӕ! Нӕ хуыссӕн — цъӕх нӕуу,

16 нӕ уӕлхӕдзар — нӕзытӕ, нӕ систӕ — кипаристӕ.

© Российское Библейское Общество, перевод, комментарии, словарь, 2022

© Институт перевода Библии, перевод, комментарии, словарь, 2022

© Оформление. Российское Библейское Общество, 2022 

Institute for Bible Translation, Russia
Lean sinn:



Sanasan