Захариа 9 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст1 Дунедарӕг рагуацы хуызы хъусын кӕны: Уый ӕрцӕрдзӕн Хадрахы бӕстӕйы, стӕй Дамаскы сахары, ӕппӕт адӕм ӕмӕ Израилы хӕдзарвӕндӕгтӕ се ’ппӕт дӕр сӕ цӕстӕнгас Дунедарӕгмӕ сараздзысты; 2 ӕввахс сӕм чи у, уыцы Хамат дӕр, стӕй Тир ӕмӕ хинӕйдзаг Сидон дӕр. 3 Тир йӕхицӕн фидӕрттӕ сарӕзта, рыгау ӕм сбирӕ ис ӕвзист, цъыфау — сыгъзӕрин. 4 Дунедарӕг ын байсдзӕн йӕ исбон, йӕ мулк ын денджызмӕ фехсдзӕн, йӕ сахар та йын арты хай бакӕндзӕн. 5 Ашкелон уый куы фена, уӕд ыл тас бахӕцдзӕн, Газӕ дӕр фыр тӕссӕй нырриздзӕни, Екронӕн асӕтдзӕн йӕ ныфс. Газӕйы паддзах бабын уыдзӕн, Ашкелоны иунӕг цӕрӕг нал баззайдзӕн. 6 Ашдоды ӕрцӕрдзысты ӕцӕгӕлӕттӕ, Ӕз бассӕнддзынӕн сӕрыстыр филистимӕгты. 7 Сӕ дзыхтӕ сын ссыгъдӕг кӕндзынӕн тугӕй, сӕ дӕндӕгтӕ — алы ’лгъӕгтӕй. Чи сӕ фервӕза, уыдон дӕр, Иудӕйы иннӕ мыггӕгтау, суыдзысты Хуыцауы исбон, Екрон йевусӕгты хуызӕн суыдзӕни. 8 Ӕз Мӕ Кувӕндон хъахъхъӕндзынӕн знӕгтӕй, ӕцӕгӕлӕтты йӕм бацӕуын нӕ бауадздзынӕн, тыхгӕнӕг уӕм никуыуал ӕрбабырсдзӕн, уымӕн ӕмӕ Ӕз ныр Мӕ цӕстӕнгас сарӕзтон сымахмӕ. 9 Цин кӕн, Сионы чызг! Дӕ зӕрдӕ райӕд фыр цинӕй, Йерусалимы чызг! Мӕнӕ дӕм фӕцӕуы дӕ Паддзах! Уый у рӕстаг, сӕрныллӕг, ирвӕзындзинад дын ӕрхӕсдзӕн, фӕцӕуы къӕлӕуыл, хӕрӕджы лӕппыныл бадгӕйӕ. 10 Уыцы заман Ефремы уӕрдӕттӕ ӕмӕ Йерусалимы бӕхты фесафдзынӕн, хӕстон ӕрдынтӕ саст ӕрцӕудзысты. Уый адӕмтӕн фехъусын кӕндзӕн сабырдзинад ӕмӕ паддзахиуӕг кӕндзӕн иу денджызӕй иннӕмӕ, Евфраты донӕй зӕххы кӕрӕттӕм. 11 Дӕуӕн та дӕ уацайрӕгты ӕнӕдон уӕрмӕй фервӕзын кӕндзынӕн, нӕ фидыд кӕй фӕрцы сфидар ис, уыцы туджы сӕраппонд. 12 Ныфссаст уацайрӕгтӕ! Раздӕхут уӕ фидармӕ! Абон дын Ӕз хъусын кӕнын: дӕ хъизӕмӕрттӕ дын дывӕрӕй бафиддзынӕн. 13 Иудӕ фестдзӕнис Ме ’рдын, Ефрем — Мӕ фат. Сион, дӕ фыртты дын грекъӕгты ныхмӕ сыстын кӕндзынӕн, хӕстон хъама Мын фестдзынӕ. 14 Дунедарӕг Йӕхи равдисдзӕн Йӕ адӕмы сӕрмӕ, Йӕ фат фехсдзӕнис ӕрвӕрттывдау. Уӕларвӕфсады Бардарӕг сыкъауадындзӕй ныууасдзӕн, хуссайраг зилгӕ дымгӕйы ацӕудзӕн. 15 Уӕларвӕфсады Бардарӕг сӕ хъахъхъӕндзӕн, ӕмӕ дурӕхсӕны дуртыл фӕуӕлахиз уыдзысты, ныццӕгъддзысты сӕ; сӕ уынӕр хъуысдзӕнис, цыма сӕнӕй ныррасыг сты, уыйау; нывондхӕссӕн кӕхцытау, нывондхӕссӕны сыкъатау байдзаг уыдзысты сӕнӕй. 16 Уыцы бон Уӕларвӕфсады Бардарӕг Йӕ адӕмы фыстау фервӕзын кӕндзӕн; кады худы зынаргъ дуртау сӕрттивдзысты Йӕ зӕххыл. 17 О, куыд хорз ӕмӕ куыд рӕсугъд уыдзысты! Хорӕй дидинӕг скалдзысты лӕппутӕ, ног сӕнӕй — чызджытӕ! |
© Российское Библейское Общество, перевод, комментарии, словарь, 2022
© Институт перевода Библии, перевод, комментарии, словарь, 2022
© Оформление. Российское Библейское Общество, 2022
Institute for Bible Translation, Russia