Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -

Захариа 7 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

1 Паддзах Дарий цыппӕрӕм аз хицауиуӕг куы кодта, уӕд фарӕстӕм мӕйы цыппӕрӕм бон, кислевы мӕйы, Дунедарӕг Захариайӕн фехъусын кодта йӕ ныхас.

2-3 Уыцы заман Вефилы цӕрджытӕ Дунедарӕджы размӕ бакувынмӕ арвыстой Сарецеры ӕмӕ Регем-Мелехы се ’мбӕлттимӕ, цӕмӕй, Уӕларвӕфсады Бардарӕджы Кувӕндоны цы сауджынтӕ ис, уыдоны, стӕй пехуымпарты бафӕрсой: «Бирӕ азты куыд уыдис, афтӕ ма мӕ фӕндзӕм мӕйы дӕр хъыг кӕнын ӕмӕ ком дарын хъӕуы ӕви нӕ?»

4 Уӕларвӕфсады Бардарӕг мын загъта:

5 «Ацы бӕстӕйы ӕппӕт цӕрджытӕн ӕмӕ сауджынтӕн афтӕ зӕгъ: „Дӕс ӕмӕ ӕртиссӕдз азы дӕргъы фӕндзӕм ӕмӕ ӕвдӕм мӕйты, хъынцъымгӕнгӕйӕ, ком куы дардтат, уӕд уыдӕттӕ Мӕн тыххӕй кодтат?

6 Хӕргӕ ӕмӕ нуазгӕ куы фӕкӕнут, уӕд уӕхи тыххӕй нӕ фӕхӕрут, уӕхи тыххӕй нӕ фӕнуазут?

7 Йерусалим адӕмӕй йедзаг ӕмӕ сабыр куы уыди, стӕй йӕ алыварс сахартӕ Негев ӕмӕ Шефелайы дӕр адӕм куы цардысты, уӕд Дунедарӕг Йӕ раздӕры пехуымпарты уылты адӕттӕ нӕ хъусын кодта?“»

8 Дунедарӕг Захариайӕн загъта:

9 «Уыцы заман Уӕларвӕфсады Бардарӕг афтӕ дзырдта: раст тӕрхон кӕнут, кӕрӕдзиимӕ хӕларзӕрдӕ ӕмӕ тӕригъӕдгӕнаг ут;

10 сидзӕргӕсты ӕмӕ сидзӕрты, ӕрцӕуӕггӕгты ӕмӕ мӕгуырты ма ӕфхӕрут, уӕ кӕрӕдзийы ныхмӕ фыдвӕндтӕ ма аразут.

11 Фӕлӕ уыдоны хъусын нӕ фӕндыди, се ’ргом Мӕ аздӕхтой, сӕхгӕдтой сӕ хъустӕ.

12 Сӕ зӕрдӕтӕ ныддур кодтой, цӕмӕй сӕм Уӕларвӕфсады Бардарӕг Йӕ Уды хъомысы руаджы пехуымпарты дзыхӕй цы Ӕгъдау ӕмӕ цы ныхӕстӕ ӕрвыста, уыдон ма хъусой. Ӕмӕ сӕм уый тыххӕй Уӕларвӕфсады Бардарӕг тынг смӕсты ис.

13 Дунедарӕг сӕм куы сидти, уӕд Ӕм уыдон куыд нӕ хъуыстой, афтӕ сӕ Ӕз дӕр, куы сидой, уӕд нӕ фехъусдзынӕн, — зӕгъы Уӕларвӕфсады Бардарӕг. —

14 Кӕй нӕ зыдтой, уыцы адӕмты ’хсӕн сӕ ныххӕлиу кодтон, сӕ фӕстӕ ацы зӕхх гӕныстонмӕ ’рцыди. Иунӕг цӕуӕг ыл нал баззад, бӕллиццаг зӕхх ӕдзӕрӕг быдыр фестын кодтой».

© Российское Библейское Общество, перевод, комментарии, словарь, 2022

© Институт перевода Библии, перевод, комментарии, словарь, 2022

© Оформление. Российское Библейское Общество, 2022 

Institute for Bible Translation, Russia
Lean sinn:



Sanasan