Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -

Захариа 6 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

1 Хӕрдмӕ та скастӕн ӕмӕ федтон: мӕнӕ комӕй, дыууӕ ӕрхуы хохы астӕуӕй, рацӕуынц цыппар уӕрдоны.

2 Фыццаг уӕрдоны ифтыгъд уыдысты сырх бӕхтӕ, дыккаджы — саутӕ,

3 ӕртыккаджы — урсытӕ, цыппӕрӕмы — хъулӕттӕ, тӕппытимӕ.

4 Ӕз, мемӕ чи дзырдта, уыцы зӕды бафарстон: «Ме ’лдар, цы сты уыдон?»

5 Зӕд мын дзуапп радта: «Уыдон сты цыппар уӕларвон дымгӕйы, ӕгас зӕххы Бардарӕджы разӕй рацӕуынц.

6 Сау бӕхтӕ ацӕудзысты цӕгатмӕ, урсытӕ — ныгуылӕнмӕ, хъулӕттӕ та — хуссармӕ».

7 Ӕрбаввахс сты хъомысджын бӕхтӕ, зӕххыл ӕрзилынмӕ уыдысты цӕттӕ. Зӕд сын загъта: «Цӕугӕут ӕмӕ зӕххыл ӕрзилут». Ӕмӕ зӕххыл ӕрзилынмӕ ацыдысты.

8 Уый та мӕм фӕдзырдта ӕмӕ загъта: «Кӕс-ма: цӕгатмӕ цы бӕхтӕ ацыдысты, уыдон Мын цӕгатаг зӕххы Мӕ Уд басабыр кодтой».

9 Дунедарӕг мын загъта:

10 «Уацарӕй чи раздӕхти, уыдонӕй — Хелдай, Товиа ӕмӕ Иедаийӕ — мысайнӕгтӕ райс ӕмӕ уайтагъд ацу Софониайы фырт Йосиайы хӕдзармӕ, уыдон уырдӕм ӕрбацыдысты Вавилонӕй.

11 Ӕвзист ӕмӕ сӕ сыгъзӕрин райс, сараз кады худ ӕмӕ йӕ ’ркӕн стыр алчер Йешуайы сӕрыл, Иоцадакы фыртыл.

12 Зӕгъ ын: Уӕларвӕфсады Бардарӕг афтӕ зӕгъы: мӕнӕ, Йӕ ном Ӕвзар кӕмӕн у, Уый, куы сырӕза, уӕд Дунедарӕджы Кувӕндон сараздзӕн.

13 Уый Дунедарӕджы Кувӕндон сараздзӕн ӕмӕ айсдзӕн Йӕ кад, Йӕ паддзахы бадӕны ӕрбаддзӕнис ӕмӕ хицауиуӕг кӕндзӕн. Сауджын та ӕрбаддзӕнис йӕхи бынаты, ӕмӕ кӕрӕдзиимӕ цӕрдзысты фидыдӕй.

14 Кадыхуд баззайдзӕни Дунедарӕджы Кувӕндоны, Хелем, Товиа, Иедаи ӕмӕ Софониайы фырт Хены сгуыхтдзинад зӕрдыл дарынӕн.

15 Адӕм дард рӕттӕй ӕрбацӕудзысты ӕмӕ Дунедарӕджы Кувӕндон аразыны хъуыддаджы архайдзысты. Ӕмӕ базондзыстут, сымахмӕ мӕ Уӕларвӕфсады Бардарӕг кӕй рарвыста, уый. Уыдӕттӕ ӕрцӕудзысты, уӕ Дунедарӕг Хуыцаумӕ зӕрдиагӕй куы хъусат, уӕд».

© Российское Библейское Общество, перевод, комментарии, словарь, 2022

© Институт перевода Библии, перевод, комментарии, словарь, 2022

© Оформление. Российское Библейское Общество, 2022 

Institute for Bible Translation, Russia
Lean sinn:



Sanasan