Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -

Захариа 4 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

1 Мемӕ цы зӕд дзырдта, уый ногӕй мӕ разы февзӕрдис ӕмӕ мӕ райхъал кодта, адӕймаджы йӕ фынӕйӕ куыд фехъал кӕнынц, афтӕ.

2 Бафарста мӕ: «Цы уыныс?» Ӕз дзуапп радтон: «Уынын сыгъзӕрин цырагъдарӕн, йӕ цъуппыл — сойы кӕхц, уый сӕрмӕ — авд цырагъы, алы цырагъыл дӕр — авд хӕтӕлы.

3 Сойы кӕхцы фӕйнӕфарс — оливӕ бӕлӕстӕ: иу — йӕ рахизфарс, иннӕ — йӕ галиуфарс».

4 Ӕз, мемӕ чи дзырдта, уыцы зӕды бафарстон: «Уый цы у, ме ’лдар?»

5 Мемӕ цы зӕд дзырдта, уый мын загъта: «Нӕ йӕ зоныс, цы у?» Ӕз ын дзуапп радтон: «Нӕ зонын, ме ’лдар».

6 Уӕд мын афтӕ зӕгъы: «Уый Дунедарӕг ахӕм хуызы Зоровавелӕн фехъусын кодта Йӕ ныхас: хъару ӕмӕ хъомысы фӕрцы нӕ, фӕлӕ Мӕ Уды руаджы, — зӕгъы Уӕларвӕфсады Бардарӕг.

7 О, бӕрзонд хох! Ды чи дӕ Зоровавелы раз? Быдырӕй уӕлдай ницы дӕ йӕ цуры. Уый рахӕсдзӕни Кувӕндоны фӕстаг дур, адӕм та хъӕр кӕндзысты: „Фарны дур нын фестӕд!“»

8 Дунедарӕг Мын загъта:

9 «Ацы хӕдзарӕн бындур Зоровавелы къухтӕ ӕрӕвӕрдтой, ӕмӕ йӕ кӕронмӕ дӕр сараздзысты йӕ къухтӕ. Уӕд базондзынӕ, сымахмӕ Мӕ Уӕларвӕфсады Бардарӕг кӕй рарвыста, уый.

10 Ацы хъуыддагмӕ йӕ райдианы сӕрбӕрзондӕй чи касти, уыдон дӕр ныццин кӕндзысты, Зоровавелы къухы аразӕн дур куы феной, уӕд. Ацы авд цырагъы сты Дунедарӕджы авд цӕсты, уыдон фӕлгӕсынц ӕгас зӕххыл».

11 Уӕд ӕй ӕз бафарстон: «Цырагъдарӕнӕн йӕ галиу ӕмӕ йӕ рахизфарс цы оливӕ бӕлӕстӕ ис, уыдон та цы нысан кӕнынц?»

12 Стӕй ма ноджы сфӕрӕзтон: «Цы амонынц, дыууӕ сыгъзӕрин хӕтӕлӕй сой цы бӕлӕстӕ уадзынц, уыдон та?»

13 Уый мӕ бафарста: «Нӕ йӕ зоныс, цы сты, уый?» Ӕз дзуапп радтон: «Нӕ зонын, ме ’лдар».

14 Уӕд мын уый загъта: «Уыдон сты дыууӕ байсӕрсты, ӕгас зӕххы Дунедарӕгӕн лӕггад кӕнынц».

© Российское Библейское Общество, перевод, комментарии, словарь, 2022

© Институт перевода Библии, перевод, комментарии, словарь, 2022

© Оформление. Российское Библейское Общество, 2022 

Institute for Bible Translation, Russia
Lean sinn:



Sanasan