Захариа 3 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст1 Уый фӕстӕ мын фенын кодта стыр алчер Йешуайы. Уый лӕууыди Дунедарӕджы зӕды бакомкоммӕ. Йешуайӕн йӕ рахизфарс лӕууыд сайтан, йӕ ныхмӕ тох кӕнынӕн. 2 Дунедарӕг сайтанӕн загъта: «Сайтан! Йерусалим Чи сӕвзӕрста, уыцы Дунедарӕг дын бар ма раттӕд! Уымӕн ӕмӕ ацы адӕймаг у, артӕй цы ’хсидав фелвӕстӕуы, уыйау!» 3 Йешуа зӕды бакомкоммӕ лӕууыди чъизи дарӕсы. 4 Зӕд, йӕ разы чи лӕууыд, уыдонӕн бардзырд радта: «Раласут ын йӕ чъизи дарӕс». Йӕхицӕн та йын загъта: «Дӕ азым дын систон, ныр дыл бӕрӕгбоны дарӕс скӕндзынӕн. 5 Ӕз бардзырд дӕттын: йӕ сӕрыл ын сыгъдӕг худ ӕркӕнут». Ӕмӕ йын йӕ сӕрыл сыгъдӕг худ ӕркодтой, дарӕсы йӕ сфӕлыстой. Уыцы рӕстӕг Дунедарӕджы зӕд лӕууыди уым. 6 Дунедарӕджы зӕд Йешуайӕн загъта: 7 «Уӕларвӕфсады Бардарӕг афтӕ зӕгъы: Мӕ фӕндӕгтыл куы цӕуай ӕмӕ Мын иузӕрдионӕй куы лӕггад кӕнай, уӕд тӕрхон кӕндзынӕ Мӕ Кувӕндоны ӕмӕ хъахъхъӕндзынӕ Мӕ кӕртытӕ. Ӕмӕ дын Ӕз ратдзынӕн, мӕнӕ ам чи лӕууы, уыдонимӕ Мын лӕггад кӕныныны бар. 8 Уӕдӕ байхъус, стыр алчер Йешуа! Дӕ бакомкоммӕ цы алчертӕ бадынц, уыдон дӕр Мӕ фехъусӕнт, Мӕ нысанӕн ӕвдисӕнтӕ сты уыдон. Мӕнӕ Ӕз ӕрбакӕнын Ӕвзар, Мӕ лӕггадгӕнӕджы. 9 Мӕнӕ ис, Йешуайы раз цы дур сӕвӕрдтон, уый. Ис ыл авд цӕсты. Ӕз ыл, цы фыстытӕ хъӕуы, уыдон скӕрддзынӕн, — зӕгъы Уӕларвӕфсады Бардарӕг, — ӕмӕ ацы зӕххы тӕригъӕд иу бонмӕ ссыгъдӕг кӕндзынӕн. 10 Уыцы бон, — зӕгъы Уӕларвӕфсады Бардарӕг, — уӕ кӕрӕдзийы сӕнӕфсир ӕмӕ легъуи бӕласы бын абадынмӕ хондзыстут». |
© Российское Библейское Общество, перевод, комментарии, словарь, 2022
© Институт перевода Библии, перевод, комментарии, словарь, 2022
© Оформление. Российское Библейское Общество, 2022
Institute for Bible Translation, Russia