Захариа 2 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст1 Ногӕй хӕрдмӕ куы скастӕн, уӕд федтон нӕлгоймаджы. Йӕ къухы уыди зӕхбарӕн синаг. 2 Ӕз ӕй бафарстон: «Кӕдӕм цӕуыс?» Уый мын дзуапп радта: «Йерусалим сбарынмӕ, хъуамӕ йын йӕ дӕргъ ӕмӕ йӕ уӕрх фенон». 3 Уалынмӕ фӕзынди, мемӕ чи дзырдта, уыцы зӕд. Йӕ размӕ ’рбацӕйцыд ӕндӕр зӕд, 4 афтӕ дзургӕйӕ: «Азгъор ӕмӕ ацы лӕппуйӕн зӕгъ: Йерусалимы уый бӕрц адӕм ӕмӕ фос фӕзындзӕн, ӕмӕ сын сахары бынат дӕр нал фаг кӕндзӕн, йӕ алфамбылӕйтты ’рцӕрдзысты. 5-6 Ӕз сахары алыварс ӕхсидгӕ сис фестдзынӕн, — зӕгъы Дунедарӕг, — ӕмӕ йӕ адӕмы ’хсӕн скадджын уыдзынӕн. Лидзгӕут цӕгатӕй, — зӕгъы Дунедарӕг, — уымӕн ӕмӕ уӕ Ӕз, дымгӕмӕ фӕйлауӕгау, алы рӕтты ныххӕлиу кодтон, — зӕгъы Дунедарӕг. 7 Дӕхи фервӕзын кӕн, Сионы чызг, Вавилоны чызгмӕ чи ӕрцардис, уый! 8 Уымӕн ӕмӕ афтӕ зӕгъы Уӕларвӕфсады Бардарӕг: хӕлӕттаг уӕ чи фӕкодта, уыцы адӕмтӕм Мӕ Уый рарвыста Йӕ кадӕн, уымӕн ӕмӕ, сымахыл чи ӕндзӕвы, уый Йӕ цӕсты гагуыйыл андзӕвы: 9 мӕнӕ сӕм Ӕз мӕ къух сисдзынӕн, ӕмӕ сӕ раздӕры цагъайрӕгтӕн ӕфтиаг суыдзысты. Уӕд базондзыстут, сымахмӕ Мӕ Уӕларвӕфсады Бардарӕг кӕй рарвыста, уый. 10 Дунедарӕг зӕгъы: „Цин кӕн, Сионы чызг! Уымӕн ӕмӕ Ӕз ӕрцӕудзынӕн ӕмӕ де ’хсӕн ӕрцӕрдзынӕн“. 11 Уыцы бон бирӕ адӕмтӕ Дунедарӕгмӕ се ’ргом раздахдзысты ӕмӕ суыдзысты Мӕ адӕм, Ӕз та де ’хсӕн ӕрцӕрдзынӕн. Уӕд базондзынӕ, дӕумӕ Мӕ Уӕларвӕфсады Бардарӕг кӕй рарвыста, уый. 12 Уӕд Иудей ногӕй суыдзӕнис Дунедарӕджы исбон уаз зӕххыл, ногӕй сӕвзардзӕн Йерусалим. 13 Дунедарӕджы раз ныхъхъус у, адӕймаг! Уый рацӕуы Йӕ уаз цӕрӕнӕй!» |
© Российское Библейское Общество, перевод, комментарии, словарь, 2022
© Институт перевода Библии, перевод, комментарии, словарь, 2022
© Оформление. Российское Библейское Общество, 2022
Institute for Bible Translation, Russia