Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -

Захариа 14 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

1 Мӕнӕ ӕрхӕццӕ кӕны Дунедарӕджы Бон, тыхгӕнӕг дӕ ӕфтиагӕн цы байста, уыдон дын де ’хсӕн куы уардзысты, уыцы бон.

2 Ӕз ӕппӕт адӕмты Йерусалимы ныхмӕ хӕстмӕ сыстын кӕндзынӕн, ӕмӕ сахар бацахсдзысты. Йӕ хӕдзӕрттӕ йын сафтид кӕндзысты, сылгоймӕгты фӕхудинаг кӕндзысты, сахары цӕрджытӕн се ’рдӕг уацары ацӕудзӕн; фӕлӕ сахары иннӕ хай фервӕздзӕнис.

3 Уӕд Дунедарӕг уыцы адӕмты ныхмӕ сыстдзӕни, рагзаманты куыд уыдис, афтӕ.

4 Уый ӕрлӕудзӕни Елеоны хохыл, Йерусалимы скӕсӕнварс чи ис, ууыл, ӕмӕ Елеоны хох дыууӕ дихы фӕуыдзӕн — ныгуылӕнӕй скӕсӕнӕрдӕм. Хохы иу ӕрдӕг фӕцӕудзӕнис цӕгатӕрдӕм, иннӕ ’рдӕг хуссарӕрдӕм, се ’хсӕн та стыр дӕлвӕз фӕзындзӕни.

5 Ӕмӕ сымах, Ӕз дыууӕ хохы астӕу кӕй сараздзынӕн, уыцы дӕлвӕзыл лидздзыстут. Уый аххӕсдзӕни суанг Ацалы онг. Иудейаг паддзах Озиайы заман зӕххӕнкъуыстӕй куыд лыгъдыстут, афтӕ та лидздзыстут. Ӕмӕ уӕд фӕзындзӕни Дунедарӕг, мӕ Хуыцау, Йемӕ та — сыгъдӕджытӕ иууылдӕр.

6 Уыцы бон бӕстӕ баталынг уыдзӕн, рухсгӕнӕнтӕ фӕцыдӕр уыдзысты.

7 Уыцы бон кӕд ралӕудзӕнис, уый ӕрмӕстдӕр Дунедарӕг зоны; уый нӕдӕр бон уыдзӕн, нӕдӕр ӕхсӕв, фӕлӕ куы баизӕр уа, уӕд рухс фӕзындзӕни.

8 Уыцы бон Йерусалимӕй царддӕттӕг цӕугӕдӕттӕ ракӕлдзысты, сӕ иу ӕрдӕг — скӕсӕйнаг денджызмӕ, иннӕ — ныгуылӕйнаг денджызмӕ; сӕрдӕй, зымӕгӕй афтӕ уыдзӕн.

9 Дунедарӕг суыдзӕнис ӕгас зӕххы Паддзах, иунӕг Дунедарӕг, Йӕ ном дӕр уыдзӕнис иу.

10 Ацы зӕхх ӕгасӕй дӕр дӕлвӕз фестдзӕни, Гевӕйӕ суанг Риммоны, Йерусалимы хуссарварс чи ис, уый онг, Йерусалим та уыдонӕй фӕуӕлдӕр уыдзӕн. Йӕ бынаты лӕудзӕн ӕмӕ Бениамины кулдуарӕй Рагон кулдуар ӕмӕ Фисыны кулдуары онг, Хананелы мӕсыгӕй паддзахы сӕндуцӕнты онг адӕмӕй байдзаг уыдзӕн.

11 Цӕрдзысты дзы адӕм, ӕлгъыстаг нал фӕуыдзӕн, Йерусалим уыдзӕнис ӕдас.

12 Йерусалимы ныхмӕ чи хӕцыди, уыцы адӕмты Дунедарӕг бафхӕрдзӕн: сӕ къӕхтыл ма лӕудзысты, афтӕмӕй сӕ буӕрттӕ ӕмбидзысты, сӕ цӕстытӕ бахаудзысты, се ’взӕгтӕ сӕ комы бахус уыдзысты.

13 Уыцы бон Дунедарӕджы фӕндӕй адӕмтӕ сызнӕт уыдзысты, кӕрӕдзимӕ лӕбурдзысты, алчи йӕ хионыл дӕр нал ауӕрддзӕн.

14 Иудӕ дӕр тох кӕндзӕнис Йерусалимы ныхмӕ. Йерусалимы алыварс цы адӕмтӕ цӕрынц, уыдоны исбон Йерусалимы хай бауыдзӕн: ӕнӕнымӕц сыгъзӕрин, ӕвзист, дарӕстӕ.

15 Сӕ асадӕнты сын фосы мыггагӕй цыдӕриддӕр ссарой — бӕхтӕ, хӕргӕфсытӕ, теуатӕ, хӕрджытӕ — се ’ппӕты дӕр сӕ адӕмы азар баййафдзӕн.

16 Уый фӕстӕ, Йерусалимы ныхмӕ цы адӕмтӕ тох кодтой, уыдонӕй ма чи аирвӕза, уыдон ӕрвылаз цӕудзысты Йерусалиммӕ — Паддзахмӕ, Уӕларвӕфсады Бардарӕгмӕ бакувынмӕ, стӕй Халагъудты бӕрӕгбонмӕ.

17 Зӕххыл цӕрӕг адӕмтӕй Паддзахмӕ, Уӕларвӕфсады Бардарӕгмӕ, Йерусалиммӕ бакувынмӕ чи не ’рбацӕуа, уыдон къӕвда нал фендзысты.

18 Мысыры адӕм куынӕ сыстой ӕмӕ куынӕ ӕрбацӕуой, уӕд уыдон дӕр къӕвда нӕ фендзысты, ӕмӕ сӕ Дунедарӕг, Халагъудты бӕргӕбонмӕ иннӕ адӕмтӕй чи не ’рбацӕуа, уыдоны хуызӕн бафхӕрдзӕн.

19 Ахӕм ӕфхӕрд айсдзысты Мысыр ӕмӕ, Халагъудты бӕрӕгбонмӕ чи не ’рбацӕуа, уыцы адӕмтӕ се ’ппӕт дӕр.

20 Уыцы заман, суанг бӕхты идӕттыл цы дзӕнгӕрджытӕ сауындзынц, уыдоныл дӕр ныффысдзысты: «Дунедарӕджы уаз хай». Дунедарӕджы хӕдзары цы ӕгтӕ ис, уыдон дӕр, нывондхӕссӕны раз цы кӕхцытӕ лӕууы, уыдонау уаз суыдзысты.

21 Йерусалим ӕмӕ Иудейы цыдӕриддӕр ӕгтӕ ис, уыдон иууылдӕр суыдзысты Уӕларвӕфсады Бардарӕджы уаз кӕхцытӕ. Нывонд хӕссынмӕ чидӕриддӕр цӕуа, уыдон-иу сӕ райсдзысты ӕмӕ дзы нывондаг фосы дзидза фыцдзысты. Уыцы бон Уӕларвӕфсады Бардарӕджы Кувӕндоны ӕцӕгӕлон базаргӕнджытӕ нал уыдзӕн.

© Российское Библейское Общество, перевод, комментарии, словарь, 2022

© Институт перевода Библии, перевод, комментарии, словарь, 2022

© Оформление. Российское Библейское Общество, 2022 

Institute for Bible Translation, Russia
Lean sinn:



Sanasan