Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -

Захариа 13 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

1 Уыцы бон Давиды байзӕддӕгтӕн ӕмӕ Йерусалимы цӕрджытӕн байгом уыдзӕнис донгуырӕн, цӕмӕй сӕ ссыгъдӕг кӕна сӕ тӕригъӕдтӕй ӕмӕ, цӕмӕй фӕчъизи сты, уыдӕттӕй.

2 Уыцы бон, — зӕгъы Уӕларвӕфсады Бардарӕг, — Ӕз ацы зӕххыл мӕнг хуыцӕутты ныццӕгъддзынӕн, мӕнг пехуымпарты ӕмӕ алы ӕлгъӕгтӕм мондаггӕнӕг моны фесафдзынӕн зӕххӕй.

3 Ӕмӕ, исчи пехуымпариуӕг куы кӕна, уӕд ын йӕ фыд ӕмӕ йӕ мад, йӕ ныййарджытӕ, зӕгъдзысты: «Ды хъуамӕ мард ӕрцӕуай, уымӕн ӕмӕ Дунедарӕджы номӕй хъусын кӕныс мӕнг ныхӕстӕ». Ӕмӕ, пехуымпариуӕг кӕй кодта, уый тыххӕй йӕ амардзысты йӕ фыд ӕмӕ йӕ мад, йӕ ныййарджытӕ.

4 Уыцы бон ахӕм пехуымпартӕ, цы цӕстылуайӕнты кой кодтой, уыдонӕй ӕфсӕрмы кӕндзысты ӕмӕ адӕмы сайынӕн сӕ уӕлӕ сӕхъис нал скӕндзысты.

5 Уыдонӕй алчидӕр зӕгъдзӕн: «Ӕз пехуымпар нӕ, фӕлӕ зӕхкусӕг дӕн. Мӕ сабибонтӕй мӕм зӕххӕй уӕлдай ницы ис».

6 Уӕд ӕй бафӕрсдзысты: «Уӕдӕ ацы ностӕ дӕ буарыл кӕцӕй сты?» Уый дзуапп ратдзӕни: «Мӕ хӕлӕртты хӕдзары над баййӕфтон».

7 «О кард! Сыст Мӕ фыййауыл, ӕввахс Мӕм чи лӕууы, ууыл! — зӕгъы Уӕларвӕфсады Бардарӕг. — Ӕрцӕв фыййауы, ӕмӕ фыстӕ ныххӕлиу уой! Ӕз Мӕ къух уӕрыччытӕм сисдзынӕн.

8 Ӕнӕхъӕн бӕстӕйы чи цӕры, — зӕгъы Дунедарӕг, — уыдонӕн ма се ’ртыккаг хай аирвӕздзӕн, иннӕ дыууӕ хайы цагъды фӕуыдзысты.

9 Уыцы ӕртыккаг хай Ӕз ӕвзистау арты батайын кӕндзынӕн, ссыгъдӕг сӕ кӕндзынӕн сыгъзӕринау. Уыдон Мӕм кувдзысты, ӕмӕ сӕ Ӕз фехъусдзынӕн. Ӕз зӕгъдзынӕн: „Адон сты Мӕ адӕм“. Уыдон зӕгъдзысты: „Дунедарӕг — нӕ Хуыцау!“»

© Российское Библейское Общество, перевод, комментарии, словарь, 2022

© Институт перевода Библии, перевод, комментарии, словарь, 2022

© Оформление. Российское Библейское Общество, 2022 

Institute for Bible Translation, Russia
Lean sinn:



Sanasan