Захариа 12 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст1 Дунедарӕг хъусын кӕны рагуац, Израилмӕ цы ӕнхъӕлмӕ кӕсы, уый тыххӕй. Уӕлӕрвтӕ Чи айтыгъта, зӕхх Чи сфӕлдыста ӕмӕ адӕймаджы царды комулӕфт Чи бауагъта, уыцы Дунедарӕг афтӕ зӕгъы: 2 Йерусалимы алыварс знӕгтӕ куы ’рхъула кӕной, уӕд ӕй Ӕз йӕ алыварс цӕрӕг адӕмтӕн ӕмӕ суанг Иудӕйӕн дӕр, кӕмӕй ныррасыг уыдзысты, ахӕм кӕхц фестын кӕндзынӕн. 3 Уыцы бон Йерусалим ӕппӕт адӕмтӕн уӕззау дуры хуызӕн суыдзӕни; сисыныл ӕй чи архайа, уыдон тыхсаст фӕуыдзысты, афтӕмӕй йӕ ныхмӕ та ӕрӕмбырд уыдзысты ӕгас зӕххы адӕмтӕ. 4 Уыцы бон, — зӕгъы Дунедарӕг, — Ӕз алы бӕх ӕмӕ алы барӕджы сӕрра кӕндзынӕн, адӕмты бӕхты бакуырм кӕндзынӕн, Иудӕйы хӕдзармӕ та Мӕ цӕст дардзынӕн. 5 Уӕд Иудӕйы фӕтӕгтӕ сӕхинымӕр зӕгъдзысты: «Йерусалимы цӕрджытӕ тыхджын сты Уӕларвӕфсады Бардарӕджы, сӕ Хуыцауы, руаджы». 6 Уыцы заман Ӕз афтӕ бакӕндзынӕн, ӕмӕ Иудӕйы фӕтӕгтӕ, сугты ’хсӕн ӕфсӕн пец, куыристы ’хсӕн цырагъ куыд у, афтӕ суыдзысты ӕмӕ сӕ алыварс цӕрӕг адӕмты, сӕ галиу ӕмӕ сӕ рахизфарс чи ис, уыдоны се ’ппӕты дӕр ныццӕгъддзысты, Йерусалим та, цы ран ис, уым фӕстӕмӕ адӕмӕй байдзаг уыдзӕн. 7 Дунедарӕг ӕппӕты разӕй фервӕзын кӕндзӕн Иудӕйы цатыртӕ, цӕмӕй Давиды байзӕддӕгтӕ ӕмӕ Йерусалимы цӕрджыты кад Иудӕйы кадӕй ма фӕуӕлдӕр уа. 8 Уыцы бон Дунедарӕг Йерусалимы цӕрджытӕн сӕ сӕрыл рахӕцдзӕн, сӕ лӕмӕгъдӕр Давидау стыхджын уыдзӕн. Давиды хӕдзар та, йӕ разӕй чи цӕуы, уыцы Хуыцауы, Дунедарӕджы зӕды ӕнгӕс суыдзӕни. 9 Уыцы бон Ӕз, Йерусалиммӕ цы адӕмтӕ бырстой, уыдоны се ’ппӕты дӕр ныццӕгъддзынӕн. 10 Ӕз Давиды байзӕддӕгтӕн ӕмӕ Йерусалимы цӕрджытӕн тӕригъӕдгӕнаг ӕмӕ кувӕг зӕрдӕтӕ ратдзынӕн. Кӕй барӕхуыстой, Уымӕ скӕсдзысты ӕмӕ Йыл, иунӕг фырты, фыццаггуырды мардыл куыд фӕхъыг кӕнынц, афтӕ ныккӕудзысты. 11 Уыцы бон Йерусалимы цӕрджыты хъарӕг хъуысдзӕни Хадад-Риммоны, Мегиддойы тъӕпӕны хъарӕгау. 12 Бӕстӕ ӕгасӕй дӕр дзыназдзӕнис, алы мыггаг дӕр хъыг кӕндзӕнис хицӕнӕй: Давиды мыггаг — хицӕнӕй, сӕ устытӕ дӕр — хицӕнӕй; Натаны мыггаг — хицӕнӕй, сӕ устытӕ дӕр — хицӕнӕй; 13 Левийы мыггаг — хицӕнӕй, сӕ устытӕ дӕр — хицӕнӕй; Шимийы мыггаг — хицӕнӕй, сӕ устытӕ дӕр — хицӕнӕй. 14 Иннӕ мыггӕгтӕ дӕр иууылдӕр — хицӕнтӕй, сӕ устытӕ дӕр — хицӕнтӕй. |
© Российское Библейское Общество, перевод, комментарии, словарь, 2022
© Институт перевода Библии, перевод, комментарии, словарь, 2022
© Оформление. Российское Библейское Общество, 2022
Institute for Bible Translation, Russia