Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -

Захариа 11 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

1 Дӕ кулдуар байгом кӕн, Ливан! Уадз аныхъуыра пиллон арт дӕ кедртӕ!

2 Дзыназ, кипарис: ӕрхауди кедр, акалдысты уӕйгуытӕ! Ныдздзыназут, Башаны тулдзтӕ — тар хъӕд акалдӕуыд йӕ рӕбынӕй!

3 Фыййӕуттӕн сӕ кӕуын хъуысы — сафтид сты сӕрвӕттӕ! Сӕ рыхын хъуысы домбӕйтты лӕппынтӕн: Иордан сӕрыстыр цы дӕлвӕзӕй уыд, уым иунӕг бӕлас нал баззад.

4 Афтӕ зӕгъы мӕ Дунедарӕг Хуыцау: «Хиз мӕ фысты, ӕргӕвст чи ’рцӕудзӕн, уыдоны.

5 Се ’лхӕнджытӕ сӕ марынц, ӕмӕ ӕнӕфхӕрдӕй баззайынц. Чи сӕ уӕй кӕны, уыдон та дзурынц: „Арфӕгонд уӕд Дунедарӕг, ӕз схъӕздыг дӕн“. Нӕ сыл ауӕрдынц фыййӕуттӕ.

6 Уымӕ гӕсгӕ Ӕз ацы зӕххы адӕмӕн нал ныббардзынӕн, — зӕгъы Дунедарӕг. — Сфыдӕх сӕ кӕндзынӕн кӕрӕдзимӕ, сӕ паддзах дӕр сӕ ныхмӕ суыдзӕни, бӕстӕ ныззыгуым кӕндзысты, фӕлӕ Ӕз никӕй фервӕзын кӕндзынӕн.

7 Ӕз хиздзынӕн ӕргӕвдинаг фысты, ӕцӕгӕйдӕр мӕгуыр чи у, уыдоны. Мӕхицӕн райсдзынӕн дыууӕ лӕдзӕджы, иу дзы схондзынӕн хӕрзаудӕн, иннӕ та — фидыд ӕмӕ уыдонӕй фысты хиздзынӕн.

8 Иу мӕймӕ ӕртӕ фыййауы фесафдзынӕн; уыдон мӕ куыд нӕ уарзынц, афтӕ Мӕнӕн дӕр суыдзысты ӕнӕуынон.

9 Уый фӕстӕ зӕгъдзынӕн: „Нал уӕ хизын: мӕлинаг чи у, уый амӕлӕд; сӕфинаг чи у, уый фесӕфӕд; чи ма уӕ аирвӕза, уыдон та кӕрӕдзийы фыдтӕ бахӕрӕнт“.

10 Ӕппӕт адӕмтимӕ цы фидыд сарӕзтон, уый фехалыны тыххӕй Мӕ хӕрзаудӕны лӕдзӕг райсдзынӕн ӕмӕ йӕ ныссӕтдзынӕн.

11 Уыцы бон Мӕ фидыд хӕлд ӕрцӕудзӕнис, ӕмӕ уӕд, ӕнхъӕлмӕ Мӕм чи кӕсы, уыцы мӕгуыр фыстӕ базондзысты, Дунедарӕджы ныхас кӕй сӕххӕст ис, уый.

12 Зӕгъдзынӕн сын: „Кӕд уӕ фӕнды, уӕд Мын Мӕ мызд раттут, кӕд нӕ, уӕд ӕй уадзут“. Ӕмӕ Мын дӕс ӕмӕ ссӕдз шекелы ӕвзист сбардзысты».

13 Дунедарӕг мын загъта: «Уыцы ӕвзист дурынгӕнӕгмӕ баппар, — ахӕм стыр аргъ Мын скодтой!» Ӕз райстон дӕс ӕмӕ ссӕдз шекелы ӕвзист ӕмӕ сӕ Дунедарӕджы Кувӕндоны дурынгӕнӕгмӕ баппӕрстон.

14 Мӕ иннӕ лӕдзӕг — фидыд, уый дӕр асастон, цӕмӕй Иудӕ ӕмӕ Израилы ’хсӕн ӕфсымӕрдзинад фехалон.

15 Дунедарӕг мын загъта: «Дӕхицӕн райс ницӕйаг фыййауы гӕрзтӕ.

16 Уымӕн ӕмӕ Ӕз ацы зӕххыл ахӕм фыййауы сӕвӕрдзынӕн, ӕмӕ, чи сӕфы, уыдоныл нӕ бамӕт кӕндзӕн, чи фӕдзӕгъӕл ис, уыдоны нӕ агурдзӕн, рынчынты нӕ дзӕбӕх кӕндзӕн, нӕ бафсаддзӕн ӕнӕнизты. Хӕрзхаст фыстӕн сӕ дзидза хӕрдзӕн ӕмӕ сын сӕ сӕфтджытӕ срӕдувдзӕн.

17 Додойаг у, йӕ дзуджы чи ныууагъта, уыцы ӕвзӕр фыййау! Йӕ къух ын кардӕй ахауын кӕнӕнт, йӕ рахиз цӕст ын дзы скъахӕнт! Йӕ къух бахуыскъ уӕд, ӕмӕ йӕ рахиз цӕст бакуырм уӕд!»

© Российское Библейское Общество, перевод, комментарии, словарь, 2022

© Институт перевода Библии, перевод, комментарии, словарь, 2022

© Оформление. Российское Библейское Общество, 2022 

Institute for Bible Translation, Russia
Lean sinn:



Sanasan