Захариа 10 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст1 Лӕгъстӕ кӕнут Дунедарӕгӕн, цӕмӕй уын афоныл къӕвда ратта. Дунедарӕг сфӕлдисы тӕрккъӕвдатӕ, ратты уын сахкъӕвдатӕ, алкӕмӕн йӕ хоры ӕвзартӕ ссӕуын кӕны. 2 Хӕдзарон хуыцаугӕндтӕ та сайгӕ кӕнынц; дӕснытӕ мӕнг цӕстылуайӕнтӕ уынынц ӕмӕ мӕнг фынтӕ дзурынц, ныфсытӕ ӕвӕрынц тутт ныхӕстӕй. Уымӕ гӕсгӕ адӕм фыстау сдзӕгъӕл сты, фыййау сын нӕй. 3 Фыййӕуттӕм Мӕ маст ссыгъди, бафхӕрдзынӕн бодзты. Уӕларвӕфсады Бардарӕг ӕрымысдзӕн Йӕ дзуджы — Иудӕйы байзӕддӕгты. Йӕ хӕстон бӕхтау сӕ тохмӕ ӕрцӕттӕ кӕндзӕн. 4 Иудӕйы хӕдзарӕй равзӕрдзӕни Кувӕндоны фӕстаг дур, цатыры мих ӕмӕ хӕстон ӕрдын, алы фӕтӕг дӕр рацӕудзӕнис уымӕй. 5 Иудӕйы байзӕддӕгтӕ, хӕсты рӕстӕг уынджы рыг цы хӕстонтӕ фессӕндынц, уыдоны ’нгӕс суыдзысты. Дунедарӕг семӕ уыдзӕн, ӕмӕ бӕхӕфсад фӕхудинаг кӕндзысты. 6 Ӕз Иудӕйы байзӕддӕгты сфидар кӕндзынӕн, Йосефы хӕдзарӕн ирвӕзындзинад ратдзынӕн ӕмӕ сӕ раздахдзынӕн, уымӕн ӕмӕ сын ныххатыр кодтон. Цыма сӕ никуы ныууагътон, афтӕ уыдзысты, уымӕн ӕмӕ Ӕз сӕ Дунедарӕг Хуыцау дӕн ӕмӕ сӕ фехъусдзынӕн. 7 Ефрем сахъ хӕстоны хуызӕн суыдзӕни, цыма сӕны хъӕстӕ фӕцис, уыйау райдзӕни йӕ зӕрдӕ. Уый фенгӕйӕ, йӕ цот дӕр цин кӕндзысты, Дунедарӕгӕй райдзӕни сӕ зӕрдӕ. 8 Ӕз сӕм фӕсиддзынӕн ӕмӕ сӕ ӕрӕмбырд кӕндзынӕн, уымӕн ӕмӕ сын Ӕз сӕ ахӕстаргъ бафыстон ӕмӕ раздӕрау сбирӕ уыдзысты. 9 Кӕд сӕ Ӕз адӕмты ’хсӕн ныххӕлиу кодтон, — уыдон Мӕ ӕрымысдзысты дард бӕстӕты, сӕ цотимӕ фервӕздзысты уым ӕмӕ фӕстӕмӕ раздӕхдзысты. 10 Мысыры зӕххӕй сӕ раздахдзынӕн, Ассирийӕ сӕ ӕрӕмбырд кӕндзынӕн, Галаад ӕмӕ Ливанмӕ сӕ ӕрбакӕндзынӕн, ӕмӕ сын уым дӕр бынат нал фаг кӕндзӕн. 11 Абухгӕ денджызы сӕрты ацӕудзысты, йӕ уылӕнтыл ын фӕуӕлахиз уыдзысты, Нилы цӕугӕдон байсысдзӕни сӕ быны. Ассирийы сӕрыстырдзинад саст ӕрцӕудзӕни, Мысыр йӕ паддзахы лӕдзӕгӕй ӕнӕхай фӕуыдзӕнис. 12 Дунедарӕджы хъомысы фӕрцы стыхджын уыдзысты, размӕ сӕ кӕндзӕни Йӕ ном, — зӕгъы Дунедарӕг. |
© Российское Библейское Общество, перевод, комментарии, словарь, 2022
© Институт перевода Библии, перевод, комментарии, словарь, 2022
© Оформление. Российское Библейское Общество, 2022
Institute for Bible Translation, Russia