Захариа 1 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст1 Дарий дыккаг аз паддзахиуӕг куы кодта, уӕд ӕстӕм мӕйы Дунедарӕг Варахийы фырт, Иддойы фырты фырт Захариайӕн фехъусын кодта Йӕ ныхас: 2-3 «Дунедарӕг уӕ фыдӕлтӕм тынг мӕсты уыд, фӕлӕ ды ацы адӕмӕн фехъусын кӕн: Уӕларвӕфсады Бардарӕг зӕгъы: раздӕхут Мӕм ӕмӕ уӕм уӕд Ӕз дӕр раздӕхдзынӕн. 4 Уӕ фыдӕлты хуызӕн ма ут, раздӕр цы пехуымпартӕ уыди, уыдон-иу сын дзырдтой: „Уӕларвӕфсады Бардарӕг афтӕ зӕгъы: уӕ фыдвӕндӕгтӕ ӕмӕ уӕ фыдбылызы хъуыддӕгтӕ ныууадзут“. Фӕлӕ Мӕм уыдон нӕ хъуыстой. 5 Кӕм сты ныр уӕ фыдӕлтӕ? Науӕд пехуымпартӕ ӕнусмӕ цӕрдзысты? 6 Фӕлӕ Мӕ лӕггадгӕнджытӕн, Мӕ пехуымпартӕн, Ӕз цы ныхӕстӕ ӕмӕ цы уагӕвӕрдтӕ бафӕдзӕхстон, уыдон уӕ фыдӕлты нӕ баййӕфтой ӕцӕг? Ӕмӕ Мӕм уӕд раздӕхтысты ӕмӕ дзырдтой: „Уӕларвӕфсады Бардарӕг нын, нӕ фӕндӕгтӕ ӕмӕ нӕ хъуыддӕгтӕм гӕсгӕ цӕй аккаг уыдыстӕм, уый бакодта“». Бӕхтӕ ӕмӕ цыппар сыкъайы 7 Иуӕндӕсӕм мӕйы дыууын цыппӕрӕм бон, шеваты мӕйы, Дарий дыккаг аз паддзахиуӕг куы кодта, уыцы заман, Дунедарӕг Варахийы фырт, Иддойы фырты фырт Захариайӕн фехъусын кодта Йӕ ныхас. 8 Ӕхсӕвы ӕз федтон ахӕм ныв: тӕрфы, мирт бӕлӕсты ’хсӕн, иу барӕг сырх бӕхыл лӕууыд, йӕ фӕстӕ та — сырх, морӕ ӕмӕ урс бӕхтӕ. 9 Ӕз сдзырдтон: «Ме ’лдар, чи сты уыдон?» Мемӕ цы зӕд ныхас кодта, уый мын дзуапп радта: «Ӕз дын равдисдзынӕн, чи сты, уый». 10 Мирт бӕлӕсты ’хсӕн цы лӕг лӕууыд, уый загъта: «Дунедарӕг зӕххыл ӕрзилынмӕ кӕй рарвыста, уыдон сты». 11 Уӕд бӕхтӕ Дунедарӕджы зӕдӕн афтӕ зӕгъынц: «Мах ӕрзылдыстӕм зӕххыл, ӕгасӕй дӕр у сабыр ӕмӕ ӕнцад». 12 Уӕд Дунедарӕджы зӕд загъта: «Уӕларвӕфсады Бардарӕг! Йерусалим ӕмӕ Иудӕйы сахартӕн кӕд ныббардзынӕ, дӕс ӕмӕ ӕртиссӕдз азы сӕм Дӕ маст куы нӕма ссыд?» 13 Дунедарӕг, мемӕ цы зӕд дзырдта, уымӕн хӕлар ӕмӕ зӕрдӕфидаргӕнӕн ныхӕстӕй дзуапп радта. 14 Ӕмӕ мын уӕд, мемӕ цы зӕд ныхас кодта, уый загъта: «Фехъусын кӕн: Уӕларвӕфсады Бардарӕг афтӕ зӕгъы: Мӕ маст рафыхти Йерусалим ӕмӕ Сионы знӕгтӕм, 15 ӕнӕмӕт адӕмтӕм Мӕ маст ссыгъд. Раздӕр сӕм уый бӕрц нӕ мӕсты кодтон, фӕлӕ сӕ фыдракӕндтӕ ноджы фылдӕр систы. 16 Уымӕ гӕсгӕ Дунедарӕг афтӕ зӕгъы: Ӕз Мӕ хорзӕх ӕруадздзынӕн Йерусалимыл, Мӕ Кувӕндон дзы арӕзт ӕрцӕудзӕн, — зӕгъы Уӕларвӕфсады Бардарӕг, — Йерусалимыл зӕхбарӕн синаг айтындздзысты. 17 Ноджы сын фехъусын кӕн: Уӕларвӕфсады Бардарӕг афтӕ зӕгъы: Мӕ сахартӕ ногӕй бӕркадджын суыдзысты, Дунедарӕг басабыр кӕндзӕн Сион, ногӕй сӕвзардзӕн Йерусалим». 18 Ӕз хӕрдмӕ скастӕн ӕмӕ федтон цыппар сыкъайы. 19 Ӕмӕ, мемӕ чи дзырдта, уыцы зӕды бафарстон: «Цы сты адон та?» Уый мын дзуапп радта: «Уыдон сты, Иудей, Израил ӕмӕ Йерусалимы цӕрджыты алы бӕстӕты цы сыкъатӕ ныххӕлиу кодтой, уыдон». 20 Уый фӕстӕ мын Дунедарӕг равдыста цыппар кусӕджы. 21 Ӕз бафарстон: «Адон та цы кусынмӕ фӕцӕуынц?» Уый мын дзуапп радта: «Уыцы сыкъатӕ Иудейы цӕрджыты алырдӕмты ныххӕлиу кодтой, ӕмӕ дзы йӕ сӕр сисын дӕр ничиуал уӕнды. Адон та сӕм цӕуынц фӕтӕрсын кӕнынмӕ, Иудӕйы ныхмӕ сӕ сыкъа цы адӕмтӕ систой, уыдонӕн сӕ сыкъатӕ ныссӕттынмӕ». |
© Российское Библейское Общество, перевод, комментарии, словарь, 2022
© Институт перевода Библии, перевод, комментарии, словарь, 2022
© Оформление. Российское Библейское Общество, 2022
Institute for Bible Translation, Russia