Титмӕ 2 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног ФӕдзӕхстРаст ахуырад 1 Ды та амон, раст ахуырад куыд домы, афтӕ. 2 Зӕронд лӕгты ахуыр кӕн, цӕмӕй уой уӕззау зонды хицау, уӕздан, хӕдӕфсарм, раст уырнындзинадыл хӕст, уарзӕгой, фӕразон. 3 Зӕронд сылгоймӕгтӕн дӕр амон, сыгъдӕджытӕн куыд ӕмбӕлы, афтӕ цӕрын. Хъуамӕ ма уой хахуыргӕнджытӕ, карз нозтмӕ ӕмхиц, хорз цы у, ууыл ахуыр кӕной иннӕты, 4 ӕрыгон сылгоймӕгтӕн амоной зонд, цӕмӕй уарзой сӕ лӕгты ӕмӕ сӕ хъӕбулты, 5 уой хӕдӕфсарм, ӕнӕкъӕм, мӕт кӕной сӕ бинонтыл, уой зӕрдӕхӕлар, сӕ лӕгтӕн коммӕгӕс. Уӕд Хуыцауы ныхас рафауынӕн ӕфсон нӕ уыдзӕн. 6 Афтӕ лӕппуты дӕр ахуыр кӕн хиуыл хӕцыныл. 7 Алы хъуыддаджы дӕр дӕхи ӕвдис фӕзминагӕй. Аккаг хуызы амон ӕцӕгад — мацы дзы аппар ӕмӕ йӕм мацы бафтау. 8 Дӕ ныхас уӕд раст, йӕ ныхмӕ сдзурын куыд ничи фӕраза, ныхмӕлӕууӕгӕн махӕй ӕвзӕр зӕгъын йӕ бон куыд нӕ уа, уый сӕм худинаг куыд ӕркӕса. 9 Цагъартӕн фӕдзӕхс, цӕмӕй кӕсой сӕ хицӕутты коммӕ, алы хъуыддаджы дӕр сын архайой сӕ зӕрдӕ барухс кӕныныл, фӕстӕмӕ сӕм ма дзурой, 10 сӕ мулкӕй сын ма давой, кӕддӕриддӕр сыл уой иузӕрдион. Уадз ӕмӕ се ’ппӕт цардӕй кадджын кӕной нӕ Ирвӕзынгӕнӕг Хуыцауы ахуырад. 11 Ӕппӕт адӕмы фервӕзынӕн раргом Хуыцауы хорзӕх 12 ӕмӕ мах ахуыр кӕны ӕнӕхуыцау цард ӕмӕ зӕххон мондӕгтӕ ныууадзыныл ӕмӕ ацы дунейы хӕдӕфсармӕй, рӕстӕй ӕмӕ Хуыцауӕн фӕндиагӕй цӕрыныл. 13 Уыцы хорзӕхы руаджы мах зӕрдӕдаргӕйӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсӕм, не стыр Хуыцау ӕмӕ Ирвӕзынгӕнӕг Йесо Чырыстийы кад кӕд раргом уыдзӕн, уыцы тӕхудиаджы бонмӕ. 14 Чырысти нӕ сӕраппонд Йӕхи ӕрхаста нывондӕн, цӕмӕй нӕ фервӕзын кӕна алы тӕригъӕдӕй дӕр ӕмӕ Йӕхицӕн ссыгъдӕг кӕна, хорз хъуыддӕгтӕм чи тырндзӕн, ахӕм адӕм. 15 Ӕппӕт уыдӕттыл ахуыр кӕн уырнджыты, ныфс сӕ уадз ӕмӕ сын уайдзӕф кӕн барджынӕй, цӕмӕй дыл ӕнӕввӕрсон мачи уа. |
© Российское Библейское Общество, перевод, комментарии, словарь, 2022
© Институт перевода Библии, перевод, комментарии, словарь, 2022
© Оформление. Российское Библейское Общество, 2022
Institute for Bible Translation, Russia