Титмӕ 1 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст1 Павелӕй, Хуыцауы цагъар ӕмӕ Йесо Чырыстийы апостолӕй, нӕ иумӕйаг уырнындзинады ме ’цӕг фырт чи у, уыцы Титмӕ. Ӕз ӕрвыст дӕн, цӕмӕй Хуыцауы ӕвзӕрстыты ӕрхонон уырнындзинадмӕ, ӕцӕгад базонынмӕ, Хуыцауы нымайынмӕ 2 ӕмӕ мыггагмӕйы цардыл зӕрдӕ дарынмӕ. Ахӕм цардӕй суанг дуне сфӕлдисыны размӕ ныфс бавӕрдта, Йӕ дзырд Чи нӕ сайы, уыцы Хуыцау, 3 фӕлӕ Йӕ зӕрдӕбавӕрд Фарны Уацы руаджы раргом кодта Йӕхи нысангонд ӕмгъуыды. Нӕ Ирвӕзынгӕнӕг Хуыцауы фӕдзӕхстмӕ гӕсгӕ мӕнӕн баргонд у уыцы Фарны Уац адӕммӕ хӕссын. 4 Ӕз фыссын Титмӕ, нӕ иумӕйаг уырнындзинады фӕрцы мын ӕцӕг хъӕбул чи сси, уымӕ. Фарн ӕмӕ дын хорзӕх Фыд Хуыцауӕй ӕмӕ нӕ Ирвӕзынгӕнӕг Йесо Чырыстийӕ. Зонды ныхас Титӕн 5 Криты дӕ уый тыххӕй ныууагътон, цӕмӕй куыст ахӕццӕ кӕнай кӕронмӕ ӕмӕ алы сахары аргъуанӕн дӕр сӕвӕрай, ӕз дын куыд бафӕдзӕхстон, ахӕм хистӕртӕ: 6 алчидӕр сӕ хъуамӕ уа ӕнӕфау, иу усы мой, йӕ сывӕллӕттӕ уой уырнджытӕ, хӕлд ӕмӕ ӕгоммӕгӕсы дау сӕм ӕрхӕссӕн куыд нӕ уа. 7 Хуыцауы хӕдзарӕн уынаффӕгӕнӕгӕн куыд ӕмбӕлы, афтӕ аргъуаны хистӕр хъуамӕ уа ӕнӕфау, ма уа къӕйных, мӕстыгӕр, расыггӕнаг, хылмондаг ӕмӕ кӕрӕф. 8 Уый хъуамӕ уа уазӕгуарзон, хӕрзгӕнӕг, хӕдӕфсарм, раст адӕймаг, Хуыцауыл ӕнувыд, хиуылхӕцгӕ, 9 цы ӕцӕгады ныхасыл сахуыр, ууыл — иузӕрдион. Уӕд йӕ бон уыдзӕн раст ахуырадӕй иннӕты ныфс бауадзын, ныхмӕлӕуджытӕн бауайдзӕф кӕнын. 10 Уымӕн ӕмӕ ис, ӕнӕпайда ныхас чи кӕны ӕмӕ адӕмы чи фӕливы, бирӕ ахӕм хивӕндтӕ, уӕлдайдӕр сунӕтгӕндтӕй. 11 Ахӕмтӕн хъӕуы сӕ дзых сӕхгӕнын. Уыдон сӕ мӕнгахуырӕдтӕй ӕнӕхъӕн бинонты саразынц рӕдыд фӕндагыл, ӕмӕ сӕ уыцы ӕгады куыст арӕзт у сӕ дзыппытӕ дзаг кӕнынмӕ. 12 Критӕгтӕн сӕхицӕй иу «пехуымпар» афтӕ загъта: «Критӕгтӕ рагӕй-ӕрӕгмӕ дӕр сты фӕлитойтӕ, саузӕрдӕ сырдтӕ, зивӕггӕнаг фыдгуыбынтӕ». 13 Уыцы ӕвдисӕйнаг раст у. Уымӕ гӕсгӕ сын бауайдзӕф кӕн карзӕй, цӕмӕй раст уырнындзинадыл хӕцой 14 ӕмӕ ма хъусой иудейаг аргъӕуттӕм ӕмӕ ӕцӕгад ныууадзӕг адӕмы амындтытӕм. 15 Сыгъдӕджытӕн ӕппӕт дӕр сыгъдӕг у; чи фӕчъизи ис, уыдонӕн ӕмӕ ӕнӕуырнджытӕн та ӕппӕт дӕр у чъизи, уымӕн ӕмӕ сӕ зонд ӕмӕ сӕ цӕсгом фӕчъизи сты. 16 Уыдон дзурынц, Хуыцауы зонӕм, зӕгъгӕ, афтӕмӕй Йыл сӕ митӕй сӕхи тигъ кӕнынц; сты цъаммар, хивӕнд ӕмӕ сӕ бон нӕу иунӕг хорз хъуыддаг саразын дӕр. |
© Российское Библейское Общество, перевод, комментарии, словарь, 2022
© Институт перевода Библии, перевод, комментарии, словарь, 2022
© Оформление. Российское Библейское Общество, 2022
Institute for Bible Translation, Russia