Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -

Софониа 3 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

1 Додой йӕ къона, чи фӕчъизи ис, уыцы змӕнтӕг ӕмӕ тыхгӕнӕг сахарӕн!

2 Никӕмӕ хъусы, йӕхи атигъ кӕны зондамындыл, Дунедарӕгыл йӕ зӕрдӕ нӕ дары ӕмӕ йӕ Хуыцаумӕ нӕ кувы.

3 Йӕ уӕздӕттӕ рыхынц домбӕйттау, йӕ тӕрхоны лӕгтӕ ӕхсӕвдзу бирӕгътау райсоммӕ стӕг нал ныууадзынц.

4 Йӕ пехуымпартӕ — ницӕйаг ӕмӕ мӕнгард, йӕ сауджынтӕ, уаз цы у, уыдӕттӕ фӕчъизи кодтой, Хуыцауы Ӕгъдау сӕ къӕхты бын ныссӕстой.

5 Дунедарӕг сахары у рӕстгӕнӕг, галиу хъуыддагӕй ницы аразы. Ӕрвылрайсом, куыддӕр хур скӕсы, афтӕ раргом кӕны Йӕ тӕрхон, фӕлӕ фыдгӕнӕг ӕфсарм нӕ зоны.

6 Дунедарӕг зӕгъы: — Ӕз ныццагътон адӕмты, сӕ фидӕрттӕ сын ныппырх кодтон, сӕ уынгты сын цъиуызмӕлӕг нал ныууагътон, сӕ сахартӕ сын хӕлӕттаг фӕкодтон, иунӕг цӕрӕг дзы нал баззад.

7 Ӕз хъуыды кодтон: ацы сахары цӕрджытӕ Мӕ тӕрсдзысты, Мӕ зондамынд Мын сӕ зӕрдӕтӕм айсдзысты, ӕмӕ сын уӕд сӕ цӕрӕнбынат нӕ фесафдзынӕн, Мӕ азар сӕ нӕ баййафдзӕн. Фӕлӕ уӕ хъуыддӕгтӕ фыддӕрӕй-фыддӕр кодтой.

8 Уӕдӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсут, — зӕгъы Дунедарӕг, — Ӕз уӕ ныхмӕ ӕвдисӕн цы бон ныллӕудзынӕн, уымӕ! Мӕнӕ уын Мӕ тӕрхон: Ӕз ӕрӕмбырд кӕндзынӕн адӕмты ӕмӕ ӕппӕт паддзахӕдтӕм фӕсиддзынӕн, цӕмӕй сыл Мӕ маст ныккалон, уымӕн ӕмӕ ӕгас зӕхх Мӕ зӕрдӕхсайды артӕй басудздзӕн.

9 Ӕмӕ уӕд Ӕз адӕмты ӕвзӕгтӕ ссыгъдӕг кӕндзынӕн, цӕмӕй иууылдӕр Дунедарӕджы ном арой ӕмӕ Йын ӕмзӕрдӕйӕ лӕггад кӕной.

10 Суанг Мын Эфиопийы цӕугӕдӕтты фале цы бӕстӕтӕ ис, уырдыгӕй дӕр, Мӕнӕн кад чи кӕны, уыдон — хауӕццаг кӕй фӕкодтон, уыцы адӕм — ӕрбахӕсдзысты хуынтӕ.

11 Уыцы бон дын Ӕз, Мӕ ныхмӕ цы тӕригъӕдтӕ фӕкодтай, уыдон дӕ цӕстмӕ нал бадардзынӕн, уымӕн ӕмӕ дын де ’хсӕнӕй сӕрыстыр ӕмӕ ӕнӕввӕрсон адӕмы фӕсурдзынӕн, ӕмӕ уӕд Мӕ уаз хохыл схъӕл ныхӕстӕ нал кӕндзынӕ.

12 Дӕ зӕххыл дын ныууадздзынӕн мӕгуыр ӕмӕ сӕрныллӕг адӕмы, уыдон сӕ зӕрдӕ дардзысты Дунедарӕджы номыл.

13 Израилӕгтӕй ма чи фервӕза, уыдон галиу хъуыддӕгтӕ нал кӕндзысты, сайӕн ӕмӕ мӕнгард ныхас сӕ дзыхӕй нал схаудзӕн. Уыдон хиздзысты ӕмӕ улӕфдзысты фыстау, никӕмӕй сын уыдзӕн тас.

14 Зар, Сионы чызг! Дӕ цины хъӕр райхъуысӕд, Израил! Йерусалимы чызг, дӕ зӕрдӕ райӕд фыр цинӕй!

15 Дунедарӕг Йӕ тӕрхон аивта, дӕ фыдгулты дын фӕсырдта! Дунедарӕг, Израилы Паддзах, демӕ ис! Нырӕй фӕстӕмӕ дын фыдбылызӕй тас нал у!

16 Уыцы бон Йерусалимӕн загъдӕуыдзӕн: «Ма тӕрс!» Сионӕн зӕгъдзысты: «Фидар лӕуу!»

17 Дунедарӕг, дӕ Хуыцау, демӕ ис. Уый у хъомысджын Хӕстон, хъару Йӕм ис дӕу фервӕзын кӕнынӕн. Ныццин дыл кӕндзӕн, Йӕ уарзтӕй дӕ басабыр кӕндзӕн, цины зарӕгимӕ райдзӕни дӕ уындӕй.

18 Бӕрӕгбӕттӕ чи мысы, уыдонӕн Ӕз фӕсурдзынӕн сӕ хъыгтӕ, ӕмӕ сӕ худинаджы уӕзӕй фервӕздзысты.

19 Уыцы заман де ’фхӕрджытӕ се ’ппӕт дӕр бавзардзысты Мӕ азар. Ӕз фервӕзын кӕндзынӕн къуылых фысты ӕмӕ, чи фӕхауӕццаг ис, уыдоны ӕрӕмбырд кӕндзынӕн. Ӕгадӕй цы бӕстӕты фӕцардысты, уым сӕ скадджын ӕмӕ сномдзыд кӕндзынӕн.

20 Рӕстӕг куы ’рцӕуа, уӕд уӕ Ӕз ӕрӕмбырд кӕндзынӕн, уӕ хӕдзармӕ уӕ ӕрбакӕндзынӕн, ӕппӕт зӕххон адӕмты ’хсӕн уын уӕ ном ӕмӕ уӕ кады кой айхъуысын кӕндзынӕн, ӕмӕ уӕхи цӕстӕй фендзыстут, уӕ раздӕры фарн уын куыд раздӕхтон, уый, — зӕгъы Дунедарӕг.

© Российское Библейское Общество, перевод, комментарии, словарь, 2022

© Институт перевода Библии, перевод, комментарии, словарь, 2022

© Оформление. Российское Библейское Общество, 2022 

Institute for Bible Translation, Russia
Lean sinn:



Sanasan